24 ноября 2014, 18:26
2015-æм азы Мæздæджы фæндæгты цалцæгæн æмæ арæзтадæн субсидитæ радих кæндзысты фылдæр
Уый тыххæй фехъусын кодта фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Хъазыбегты Георгий. Мæздæджы йын уыд æмбырд районы хъæуты сæргълæуджытимæ æмæ организациты разамонджытимæ. Уыдон фæндæгты хæдзарады комитеты минæвæрттæн радзырдтой фыццаградон фарстаты тыххæй. Бындурон цалцæгæй фæстæмæ ма базилдзысты фæндæгты хицæн хæйттæм.
2015-æм азы Мæздæджы фæндæгты цалцæгæн æмæ арæзтадæн субсидитæ радих кæндзысты фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодта фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Хъазыбегты Георгий. Мæздæджы йын уыд æмбырд районы хъæуты сæргълæуджытимæ æмæ организациты разамонджытимæ. Уыдон фæндæгты хæдзарады комитеты минæвæрттæн радзырдтой фыццаградон фарстаты тыххæй. Бындурон цалцæгæй фæстæмæ ма базилдзысты фæндæгты хицæн хæйттæм. Уымæй уæлдай ныхас цыд æдасдзинады мадзæлттыл. Къахвæндæгтæ, уынгты рухс, сфетофортæ хъуамæ хаст æрцæуой программæмæ. Æмæ Хъазыбегты Георгий фæсидт, ацы фарстатæ кæмæй аразгæ сты, уыцы бæрнон адæммæ, цæмæй хъæугæ гæххæттытæ æвæстиатæй бацæттæ кæной. Стæй загъта, куыстытæ куыд цæудзысты, уымæ цæст дардзытсы сæрмагонд къамисы уæнгтæ. Уыдон бынаты бæрæг кæндзысты куыст æмæ хорз конд куы нæ уа, уæд æй бауромдзысты. Фæндæгтæ хъуамæ дзуапп дæттой æмбæлгæ домæнтæн.
темæмæ гæсгæ