филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:25 среда, 27 мая 2026
05 декабря 2014, 15:08
Йæ юбилей бæрæг кæны поэт æмæ фыссæг Гусалты Замирæт

Йæ гуырæн бонмæ мыхуыры рацыд йе `мдзæвгæты æмбырдгонд сывæллæттæн «Хуры бæстæ», стæй уырыссаг æвзагæй тæлмацгонд радзырдты чиныг «Кæрдæгхуыз уызынтæ». Æдæппæтæй Замирæт бацæттæ кодта 5 æмбырдгонды. Хаст сæм æрцыдысты 100 æмдзæвгæйæ фылдæр, стæй радзырдтæ. Юбилярæн раарфæ кодта не сфæлдыстадон къорд.

74463
Йæ юбилей бæрæг кæны поэт æмæ фыссæг Гусалты Замирæт. Йæ гуырæн бонмæ мыхуыры рацыд йе `мдзæвгæты æмбырдгонд сывæллæттæн «Хуры бæстæ», стæй уырыссаг æвзагæй тæлмацгонд радзырдты чиныг «Кæрдæгхуыз уызынтæ». Æдæппæтæй Замирæт бацæттæ кодта 5 æмбырдгонды. Хаст сæм æрцыдысты 100 æмдзæвгæйæ фылдæр, стæй радзырдтæ. Юбилярæн раарфæ кодта не сфæлдыстадон къорд.

Гусалты Замирæты ног чиныг – йæ гуырæн бонмæ лæвары хуызæн. «Хуры бæстæ»-йы æрæмбырд кодта æмдзæвгæтæ хистæр кълæсты кары сывæллæттæн. Ноджыдæр ма иу чиныг та – Мæскуыйаг фыссæг Светлана Вьюгинæйы радзырдты тæлмац ирон æвзагмæ. Сывæллæттæн фыссын – бæрнон хъуыддаг у, зæгъы Замирæт. Алы æмдзæвгæ дæр хъуамæ цæуылдæр ахуыр кæна.

Гусалты Замирæт, поэт: «Æппæты разæй æз сывæллæтты ахуыр кæнын æгъдауыл, уыимæ нæ фыдæлтæ сывæллоны куыд ахуыр кодтой, æз дæр сæ афтæ ахуыр кæнын. Афтæ ныффыстон æмдзæвгæтæ дæр. Уыдзысты сын пайда, тынг пайда».

Гусалты Замирæты сфæлдыстадмæ сразæнгард кодта йæ педагогон куыст. 45 азы фæкуыста Даргъ-Къохы сывæллæтты рæвдауæндоны æмæ скъолайы. Алыхуызон бæрæгбæттæм цæттæгæнгæйæ хъуыдис сценаритæ фыссын. Æрмæг ирон æвзагыл ссарын зын уыд, æмæ уæд райдыдта йæхæдæг фыссын æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Абоны онг Замирæтæн ис 5 æмбырдгонды. Поэт йæхицæн дæнцæгæн исы Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад.

Гусалты Замирæт, поэт: «Æппæты разæй сывæллонæн хъæуы хуымæтæг æвзагæй фыссын. Æз-иу куы пайда кодтон нæ фысджыты æмдзæвгæтæй, уæд-иу мæ бирæ хатт ивын бахъуыд дзырдтæ. Уымæн æмæ сæ дзыхы нæма фæбадынц зын дзырдтæ. Сывæллоны хъæуы дисы `фтауын, стæй хъæуы хъомыладон миниуджытæ, бынæттæ кæм ссара, ахæмтæ».

Замирæты æмдзæвгæтæ фыццаг бакæсынц йæ бинонтæ. Ис ын 7 хъæбулы хъæбулы, æмæ ма уыдоны цот цыппарæй. Алкæмæндæр сæ ис уарзон æмдзæвгæтæ.

Замирæтмæ ма ис бирæ сфæлдыстадон фæндтæ. Ныртæккæ цæттæ кæны 6-æм æмбырдгонд. Уымæй уæлдай ма сарæзта проект «Азбукæ æмдзæвгæты». Йæ куыст ис ахуырады æмæ наукæйы министрады. Уым фидаргонд куы æрцæуа, уæд рацæудзæн мыхуыры.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania