Архайдта дзы 25 къорды. Фестиваль-конкурс арæзт уыд 5 къæпхæнæй. Сывæллæттæ кадджын уавæры байгом кодтой мадзал, уый фæстæ дзы æвдыстой сæ арæхстдзинад велосипедыл цæуынæй, теоретикон зонындзинæдтæй фæстæмæ ма практикон æгъдауæй равдыстой фæндаггон закъæттæ куыд зонынц, уый дæр.

Паддзахадон автоинспекци æмæ автомобилистты Æппæтуæрæсейон æхсæнады регионалон хайад «Динамо», сæрдыгон лагерьты цы сывæллæттæ ис, уыдонæн сарæзтой фæндæгтыл æдасæй цæуыны закъæттæ зоныны фæдыл конкурс.
Архайдта дзы 25 къорды. Фестиваль-конкурс арæзт уыд 5 къæпхæнæй. Сывæллæттæ кадджын уавæры байгом кодтой мадзал, уый фæстæ дзы æвдыстой сæ арæхстдзинад велосипедыл цæуынæй, теоретикон зонындзинæдтæй фæстæмæ ма практикон æгъдауæй равдыстой фæндаггон закъæттæ куыд зонынц, уый дæр. Уымæн фестивальмæ бахастой конкурс «Автогородок». Ам æппæты арæхстджыныл нымад уыд, раст маршрут чи равзæрста, æмæ æппæт хæслæвæрдтæ чи сæххæст кодта, уыцы командæ. Жюрийы уæнгтæ аргъ скодтой тематикон нывтæн дæр. Сывæллæттæ сæ бацæттæ кодтой рагагъоммæ.
Жюрийы хатдзæгтæм гæсгæ иуæй-иу сывæллæттæ равдыстой иттæг хорз зонындзинæдтæ, уымæ се вæрæн бахастой пропагандæйы хайады кусджытæ. Уыдон афæдзы дæргъы скъолаты арæзтой алыхуызон мадзæлттæ. Ацы конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ та фыццаг 3 бынаты бацахстой Дзуджыхъæуы 11-æм, 13-æм æмæ 46-æм скъолатæ. Командæйы капитантæй хуыздæрыл нымад æрцыд 13-æм скъолайы ахуырдзау Хъодзаты Ацæмæз. Йæ хæслæвæрдтæ сæххæст кодта ирон æвзагыл, æмæ уымæй дисы бафтыдта жюрийы уæнгты. Конкурсы æппæт архайджытæ та райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
