филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:14 среда, 17 декабря 2025
08 февраля 2018, 12:12
Московскийы æмæ Гугкайы-фырты номыл уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым цы фæндаджы бынты бацæуæн ис, уый цалцæггонд æрцыд бындурон æгъдауæй

Дзæуджыхъæуы ацы ран нымад у, фæндаггон фыдбылызтæ арæх кæм æрцæуынц, ахæм бынатыл.

Московскийы æмæ Гугкайы-фырты номыл уынгтæ кæм баиу
вæййынц, уым цы фæндаджы бынты бацæуæн ис, уый цалцæггонд æрцыд
бындурон æгъдауæй. Уый 20 азы бæрц нæ куыста.
Дзæуджыхъæуы ацы ран
нымад у, фæндаггон фыдбылызтæ арæх кæм æрцæуынц, ахæм бынатыл. Уымæ
гæсгæ бацæуæн хъуыди æвæстиатæй сцалцæг кæнын. Йæ аразджытæ дзы раластой
тынг бирæ бырæттæ. Ныр 40 метры дæргъы фæндаджы сæрты ахизæн раивта йæ
хуыз. Сæвæрдтой дзы нырыккон цырæгътæ, ног дуæрттæ, пъолтæ. Фæнд дзы
кæнынц саразын уавæртæ, æнæ искæйы æххуысæй цæуын кæй бон нæу, уыдонæн.
Дзæуджыхъæуы арæзтадон управленийы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, февралы
кæрон объекты æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты. Зæрдæ дарæн ис, зæгъынц
аразджытæ, бæстыхай ахæм рæсугъд æмæ сыгъдæгæй цæмæй лæууа, уымæ горæты
цæрджытæ се вæрæн кæй хæсдзысты, ууыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania