филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:15 среда, 17 декабря 2025
09 февраля 2018, 14:23
Сергей Мусаиловы рагæй фæндыд, æрмæстдæр уымæ цавæр машинæ уыдзæн, ахæм саразын

7 азы размæ ссардта зæронд «Запорожец», æмæ йæ фæнд царды уадзын райдыдта.

Сергей Мусаиловы рагæй фæндыд, æрмæстдæр уымæ цавæр машинæ уыдзæн, ахæм саразын
Æрхъуыдыджын адæймаг. Сергей Мусаиловы рагæй фæндыд, æрмæстдæр уымæ цавæр машинæ уыдзæн, ахæм саразын. 7 азы размæ ссардта зæронд «Запорожец», æмæ йæ фæнд царды уадзын райдыдта. Абон йæ машинæ уынгты куы фæзыны, уæд ыл се ‘ппæты цæст дæр æрхæцы. Автомобиль фæархайы алыхуызон конкурсты. Ныр та Сергейы фæхуыдтой Европæйы чемпионатмæ автотюнингæй. Фæлæ уырдæм ацæуынæн нæ фаг кæнынц фæрæзтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
 Бур, æнæ цыргъ тигътæй. Ахæм автомобиль хъуыдис Сергей Мусаиловы. 7 азы размæ ссардта зæронд «Запорожец» æмæ йæ бæллиц æххæст кæнын райдыдта. Конструкцимæ бирæ ивддзинæдтæ хаст æрцыд. Фыццагон экземплярæй ницы уал баззад. Машинæйы эволюци ныр дæр нæма фæцис.
Машинæ ма уникалон кæны, мангал æмæ дзы пикниктæм цæуынæн комплект кæй ис, уый. Ис ма дзы цалхдымсæн, аптечкæ, дæгъæлты æмбырдгонд. Машинæйы цæмæй фылдæр ифтонггæрзтæ бацæуа, уый тыххæй йын бахъуыдис йæ габариттæ фæуæрæхдæр кæнын, зæгъы Сергей.
Чысыл «Запорожец»-ы нæ бацыдаид стырдæр зæлон системæ дæр. У тыхджын. Фæлæ Сергейы ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у йæ хæрзхъæддзинад. Системæ æвæрдтой автомобилон аудиосистемæты хуыздæр специалисттæ. Бур «Запорожец» бирæ хæттыты уыд автошоуты æмæ машинæты тюнингы чемпионатты архайæг алы регионты. Сергей Мусаиловы машинæ 4 хатты фæуæлахиз Уæрæсейы чемпионаты автозвукæй æмæ тюнингæй. Афтæмæй йæ æрбахуыдтой Европæйы чемпионаты архайынмæ. Уыдзæн мартъийы кæрон Австрийы. Сергей куыд зæгъы, уымæ гæсгæ йæхæдæг æмæ йæ машинæ цæттæ сты. «Запорожец» фæнд кæнынц сæрмагонд прицепæй аласын. Фæлæ нæ фаг кæны фæрæзтæ автовоз бензинæй сæххæст кæнынæн.
Сергейы фидарæй уырны, Зальцбургмæ чемпионатмæ куы ацæуа, уæд йæ машинæ æнæ ‘рхъуыдыйæ кæй нæ баззайдзæн, уый. Цалдæр азмæ бур «Запорожец» алыхуызон конкурсты райста 45 хæрзиуæгæй фылдæр.

Хъайтматы Дзерассæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania