филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 среда, 17 декабря 2025
21 марта 2018, 14:30
Тренеры фæллойæн – æмбæлгæ аргъ æмæ кад

Мæздæджы арæзт æрцыд традицион, Валерий Романовы номарæн турнир волейболæй сылгоймæгты командæты хсæн.

Тренеры фæллойæн – æмбæлгæ аргъ æмæ кад. Мæздæджы арæзт æрцыд традицион, Валерий Романовы номарæн турнир волейболæй сылгоймæгты командæты хсæн.
Нæ республикæйы командæтæй уæлдай ма Мæздæджы ног физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы уазджытæ æрæмбырд сты Цæгат Кавказы алы республикæтæй, Хуссар Ирыстонæй, Стъараполы крайæ. Фæстаг 10 азмæ номарæн турниры архайыны фæндон разыны, куыд хистæр, афтæ кæстæр кары командæтæм дæр. Ерысты райдайæны размæ зындгонд тренер Валерий Романовы ном æрымысыдысты, минут æдзæмæй алæугæйæ. Уый йæ цард сбаста волейболы рæзтæн. Схъомыл кодта спортсменты цалдæр фæлтæры. Регионты хсæн турнир цыди дыууæ боны. Архайдтой дзы 20 командæйы. Уæвгæ, Романовты бинонты схъомыл цалдæр тренеры. Ныр сын ахæм номарæн турнир тынг æхсызгон у. Зæрдиаг арфæтæ ракæнынц, алы хатт Мæздæгмæ чи рбацæуы, æмæ турниры чи фæархайы, уыцы командæты уæнгтæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania