филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:07 среда, 17 декабря 2025
13 апреля 2018, 12:26
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав кусæг балцы уыд Мæздæджы районы

Бабæрæг кодта цалдæр хъæуы, аныхас кодта цæрджытимæ, администрациты сæргълæуджытимæ, амалхъом адæмимæ.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав кусæг балцы уыд Мæздæджы районы

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты
Вячеслав кусæг балцы уыд Мæздæджы районы. Бабæрæг кодта цалдæр хъæуы, аныхас
кодта цæрджытимæ, администрациты сæргълæуджытимæ, амалхъом адæмимæ. Снысан
кодтой, цавæр риссаг фарстатæ ис, æмæ сæ куыд лыг кæнын хъæуы, уый. Кусæг балцы
хатдзæгтæ суыдзысты Мæздæджы районы райрæзты программæйы бындур. Бæлвырддæр хабæрттæ
радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

2 къуырийы фæстæ ацы хъæрмуатты сцæттæ уыдзысты фыццаг
томаттæ. Сæ фарсмæ сцæттæ сты джитъритæ. Павлодольскæйы цæрæг Алексей
Тонкогубов йæ бинойнагимæ йæ цæхæрадоны тыллæг сисы афæдз 2 хатты. Йæ халсартæ
балхæнынмæ æрцæуынц Дзæуджыхъæуæй, агурынц сæ Пятигорскы дæр.

Хи цæхæрадонæй дарæн ис бинонты. Уый тыххæй ныхас
кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Сергей Тонкогубов. Мæздæджы
районы райдайдзысты ахæм хæдзарадтæн æххуысы программæ æххæст кæнын.

Хæдзарадтæн æххуыс æмæ ног кусæн бынæтты фæрцы гæнæн
ис æмæ фæсивæд хъæутæй горæтмæ нал тырндзысты. Черноярскæйы скъола революцийы
агъоммæ арæзт æрцыд. Ахуыр дзы кæнынц 114 сывæллоны. 4 агъуысты нæ фаг кæнынц.
Уроктæ фæкæнынц суанг къæридоры дæр. Уыимæ ацы территори нырыккон бæстыхай
саразыны фаг у. Битарты Вячеслав бафæдзæхста, иннæ аз кæй райдайдзысты ног
скъола аразын. Бæстыхай ныууаддзысты. Уый æнустæм арæзт у, зæгъы скъолайы
директор. Уыдзæн дзы сывæллæтты рæвдауæндон. Скъолайы агъоммæ кусæнуаттæм
районы рад ис. Уый тыххæй ныхас цыд Битарты Вячеславы фембæлды хъæуты
администрациты сæргълæуджытимæ. Республикæйы разамонæгмæ фæсидтысты, цæмæй сын
баххуыс кæна фæндæгтæ цалцæг кæныны, доны хæтæлтæ рацаразыны фарстатæ алыг кæнын.
Битарты Вячеслав та загъта, бынæттон хицауадтæ æвзæрстыты размæ цы ныфсытæ бавæрынц,
уыдон сæ тагъд кæй ферох вæййынц. 

Республикæйы сæргълæууæг фембæлд Мæздæджы районы
амалхъом адæмимæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, районы зæххы арендæйы  фиддонтæ сты æппæтæй къаддæр æмæ йæ кæй хъæуы
иннæ районтимæ æмхуызон скæнын. Фермертæ та йын радзырдтой кредитон фæрæзтæ
райсын куыд зын у, уый тыххæй.

Битарты Вячеслав фæсидт зæххы ресурстæй ахадгæдæрæй.
Куыд загъта, афтæмæй æрмæстдæр хор уæй кæнын чысыл хъуыддаг у. Хъæуы холлæгтæ цæттæ
кæнын, фосдарыны куыст кæнын. Хъæуы ма хъæууон кооперациты райрæзтыл архайын.
Ахæм иугондтæн сæ бон у паддзахадон æххуыс 70 милуан сомы онг исын. Кусæг балцы
хатдзæгтæ суыдзысты Мæздæджы районы райрæзты программæйы бындур.

 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania