филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:47 среда, 17 декабря 2025
23 апреля 2018, 13:05
Дзæуджыхъæуы райдыдта Чиныджы къуыри

Хетæгкаты Къостайы номыл сæйраг парчы бацæуæны арæзт æрцыд армукъа.

Дзæуджыхъæуы райдыдта Чиныджы къуыри

Дзæуджыхъæуы райдыдта Чиныджы къуыри.
Хетæгкаты Къостайы номыл сæйраг парчы бацæуæны арæзт æрцыд армукъа. Республикæйы
мыхуыры рауагъдадтæ равæрдтой фæсарæйнаг, уырыссаг æмæ национ классикон æмæ
нырыккон литературæйы уацмыстæ. Арæзт ма æрцыд лотерея дæр. Алы уазæгæн дæр
лæвæрдтой билеттæ. Уыдонмæ гæсгæ алы сахат дæр æвзæрстой, чиныг кæмæн балæвар
кæндзысты, уыцы адæймаджы. Ууыл акцитæ нæ фесты. Алкæмæндæр йæ бон уыд йæ
уарзон æмдзæвгæ бакæсын æмæ йæ къам сисын уарзон фыссæг кæнæ литературон
хъайтаримæ. Сæ сурæттæ сын сарæзтой ирон театры актертæ. Ахæм армукъатæ арæзт
æрцæуынц æрвылаз. Сæ нысан у, рæзгæ фæлтæрмæ мыхуыры чингуытæм уарзондзинад
гуырын кæнын.

 

Фидараты Юрий, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар: «Куыд зонæм, афтæмæй чиныг
куыд æмбæлы, афтæ нал кæсынц. Уымæн æмæ ног телефонтæ фæзынд. Фæлæ адæймаг хорз
куы литературæ куы нæ кæса, уæд йæ зондахаст дæр мæгуырдæр уыдзæн. Цæмæй
кæстæртæн сæ уд хъæздыгдæр уа, цæмæй нæ фæлтæр уа зондджын, уый тыххæй сарæзтам
ацы армуъка. Кæстæртæ хъуамæ зоной, чиныг хуыздæр кæй у, уыцы интертæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania