Спектаклæн ног цард радта режиссер Дзгойты Аллæ.
Радон премьерæ Ирон театры сценæйы. Ацы
хатт артисттæ аивадуарзджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой комедион
спектакль «Зæлийы чындзытæй». Уæвгæ йæ сюжет бирæтæн зонгæ у. Чындз
æмæ æфсины хсæн ахастдзинæдтæ цымыдисаг куыд нæ сты. Фæлæ ма чындзытæ æртæ куы
уой, уæд ноджы тынгдар. Спектаклæн ног цард радта режиссер Дзгойты Аллæ.
Саламты Къолайы æвæрд спектакль ногæй театрдзауты размæ рахæссын æнцон хъуыддаг
нæ уыди. Фæлæ иууылдæр иумæ бацархайдтой. Куыд сын рауад, уый тыххæй радзурдзæн
Фидараты Маринæ.
Чындз æмæ æфсины хсæн ахастдзинæдтæ
рагæй-арæгмæ дæр уыдысты, æмæ сты пьесæты фыссыны аккаг. Кæмфæнды куы уой,
уæддæр. Ома стыр горæты, кæнæ гыццыл хъæуы. Фæлæ ма чындзытæ æртæ куы уой, уæд
ноджы цымыдисагдар.
Комедион спектакль «Зæлийы чындзытæ» та ногæй Ирон театры сценæйы. Ног цард
дзы бауагъта режиссер Дзгойты Аллæ. Саламты Къолайы æвæрд спектакль ногæй
театрдзауты размæ рахæссын æнцон хъуыддаг нæ уыди. Уымæн æмæ ма йæ ирон
аивадуарзджытæ хорз хъуыды кæнынц.
Куыд фæзæгъынц, лыстæг сасирæй æвзæрст
æрцыдысты актертæ дæр. Сæ фылдæр сты Уæрæсейы адæмон артисткæ Беккуызарты
Уарзетæйы хъомылгæнинæгтæ. Уарзон педагогы спектаклы хъазын та кæд æхсызгон у,
уæддæр дывæр бæрнондзинад дæр у. Раздæр Зæлийы роль иттæг хорз æмæ мидисджын
равдыста Уарзетæ йæхæдæг. Ацы хатт та йæхиуыл тызмæг афсины роль абарста Цæгат
Ирыстоны адæмон артисткæ Хуыбаты Нелли.
Æртæ чындзы, æртæ удыхъæды хицауы, æртæ
хъысмæты. Алкæцы дæр дзы йæхæдæг хуыздæр зоны, бинонты хсæн цавæр ахастдзинæдтæ
хъуамæ уой, уый. Кæстæр чындзы сурæт сарæзта ирон театры æрыгон артисткæ Ольга
ЗЕмерова. Йæхи ныхæстæм гæсгæ йæ роль йæ зæрдæмæ тынг фæцыд.
90-æм азты райдиан Людмилæйы роль иттæг
хорз бантыст, ирон театрдзаутæ бирæ кæй бауарзтой, уыцы Малхъарты Зæлинæйæн.
Абон та йæхиуыл сбарста ног образ æмæ ног зæрдæйы ахаст. Зæлинæ сарæзта дыккаг
чындз Фаризæты сурæт.
Ацы спектаклæй æгæрон бузныг зæгъынц
Ирон театры дыууæ ирд стъалыйæн Саламты Къолайæн æмæ Беккуызарты Уарзетæйæн.
Уымæн æмæ «Залийы
чындзытæй»фæндаг ссардтой адæмы миддунемæ, æмæ ма не ппæты зæрдæтыл дæр æрлæууын кодтой
царды ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæр хъуыддæгтæ. Спектакль на ахуыр кæны хуымæтæг,
фæлæ царды сайрагдæр цы у, уыцы хъуыддæгтыл.




