Бакуыста йыл акционерон æхсæнад «Медторгсервис»
Мæйы размæ Æрыдоны районы
рынчындоны байгом кодтой гемодиализы хайад. Бакуыста йыл акционерон æхсæнад «Медторгсервис». Уæвгæ,
компани йæ куыстмæ архайы европæйаг ногдзинæдтæ хæссыныл. Самал кодта 8
нырыккон немыцаг аппараты. Уыдоны фæрцы бæстон æххуыс исынц 25 пациенты. Фæлæ
ууыл компани æрлæууынмæ нæ хъавы. Ис ма сæм бирæ хорз фæндтæ. Бæлвырддæр
радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Ныр 7 азы дæргъы Бериты Фузæ у уæззау
рынчын. Ацæргæ сылгоймаджы дыууæ боны иу хатт хъæуы туг сыгъдæггæнæн процедурæ
кæнын. Хъыгдард сты йæ уыргтæ. Уымæ гæсгæ Фузæ Лескенæй фæцæуы Æрыдоны
рынчындонмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг мæймæ гемодиализы процедурæ
кæнын зынгæ æнцондæр сси. Уæдæ центрмæ фæндагыл дæр ахæм зындзинæдтæ нал
æййафы.
Бындурон цалцæджы размæ ма рынчынты, сæ
низимæ тох кæнынæй дарддæр хъуыди æндæр зындзинæдтæ дæр æййафын. Зæронд
бæстыхай фылдæр уыд сарайы хуызæн, медицинон куыстуаты нæ, фæлæ. Ног бæстыхайыл
ныр цин кæнынц рынчынтæ, æмæ дохтыртæ сæхæдæг дæр.
Компани «Медторгсервис» йæ
куыстмæ архайы европæйаг ногдзинæдтæ хæссыныл. Организаци 10 милуан сомы
бахаста, цæмæй Æрыдоны рынчындоны гемодиализы хайад скуса ахадгæдæрæй. Ныртæккæ
дзы ис 8 нырыккон немыцаг аппараты. Уыдоны фæрцы 25 пациенты сæ райсомы бонмæ
уæндонæй кæсынц.
Компани » Медторгсервис» ууыл
æрлæууынмæ нæ хъавы. Ис ма сæм бирæ хорз
фæндтæ.
Æрыдоны районы рынчындоны гемодиализы
хайады пациенттæ зæгъынц, ныр процедурæтæ кæнын зынгæ æнцондæр сси. Сæ
рыстыты дæр, зæгъæн ис, æмæ фæкъаддæр сты. Кæд æмæ сæ рынчындоны цыппæргай
сахаттæ уæвын фæхъæуы, уæддæр сын уыцы рæстæг афтæ зынтæй нал ацæуы.




