25 апреля 2018, 12:15
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдтой наукæйы бонтæ
Сæ сæйраг нысан у студентты зонындзинæдтæ æмæ аивадмæ арæхстдзинад рабæрæг кæнын.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдтой наукæйы бонтæ.
Сæ сæйраг нысан у студентты зонындзинæдтæ æмæ аивадмæ арæхстдзинад рабæрæг кæнын. Наукон мадзал у æрвылазон. Цæудзæн дыууæ боны. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты библиотекæмæ æрбахуыдтой æппæт факультетты студентты сæ наукон разамонджытимæ, скъоладзауты æмæ абитуриентты. Дыууæ боны форумы архайджытæ æвдисдзысты сæхи цымыдисаг программæтæ. Ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, ахæм наукон фембæлдтыты фæрцы скъоладзаутæ тынгдæр тырнынц уæлдæр ахуырад райсынмæ. Афтæмæй та сæ зонындзинæдтæ æмæ хъарутæ уæндондæрæй æвдисдзысты зонадон куысты. Знон уал форумы архайджытæ равдыстой, афæдзы дæргъы цæуыл бакуыстой, уый. Абон та бакæсдзысты сæ докладтæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кады грамотæтæй æмæ æхцайы премитæй.
темæмæ гæсгæ




