филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:18 вторник, 16 декабря 2025
25 апреля 2018, 12:25
Нæ республикæйы цæры 100 адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр

Уымæ гæсгæ политикон æмæ национ уавæр у ахсджиаг фарста.

Нæ республикæйы цæры 100 адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр. Уымæ гæсгæ политикон æмæ национ уавæр у ахсджиаг фарста.
Бирæ аразгæ у дзыллон иформацион фæрæзтæй дæр, загъд уыд, Дзæуджыхъæуы администрацийы цы æмбырд арæзт æрцыд, уым. Ныхас цыд, цæмæй журналисттæ ма бауадзой адæмты хсæн ахастдзинæдтæ цæхгæр чи кæны, нацийы хæзнатæ та ныллæгдæр, ахæм æрмæджытæ. Уыимæ сæ архайд сбæдтой, политикон сабырдзинад фидардæр чи кæны, уыцы хъуыддæгтимæ. Фæнысан ма кодтой, дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ сæ бартæм гæсгæ кæй сты сæрибар. Ахсджиаг фембæлд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды наукæ, ахуырад, культурæ, фæсивæды информацион политикæйы æмæ спорты къамисы хъæппæрисæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania