26 апреля 2018, 12:10
Цæгат Ирыстон æмæ Белорусси дарддæр кусдзысты амалхъом æмæ культурон бастдзинæдтæ фидардæр кæныныл
Уый тыххæй Битарты Вячеслав æрныхас кодта белоруссаг æмæ урæсейаг журналистты æхсæнад «Друзья-Сябры»-йы минæвæрттимæ.
Цæгат Ирыстон æмæ Белорусси дарддæр кусдзысты амалхъом æмæ культурон бастдзинæдтæ фидардæр кæныныл.
Уый тыххæй Битарты Вячеслав æрныхас кодта белоруссаг æмæ урæсейаг журналистты æхсæнад «Друзья-Сябры»-йы минæвæрттимæ. Делегаци Цæгат Ирыстоны уыди 3 боны. Бабæрæг кодта республикæйы районтæ, куыстуат «Кетон». Уый æмгуыстад кæны Могилевы химикон иугондимæ. Битарты Вячеславимæ фембæлды ма ныхас цыд ног иумæйаг куыстуæттæ аразыныл. Стыр æргом аздахдзысты аграрон сектормæ.
темæмæ гæсгæ




