Абон кадджын уавæры мандаттæ радтой æхсæнадон цæстдарæг къамисы ног уæнгтæн. Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ сæ иумæйаг æмбырды равзарой сæрдары æмæ снысан кæной куысты пълан.
Ахст адæмы бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уымæ йæ цæст дары æхсæнадон палатæ. Абон кадджын уавæры мандаттæ радтой æхсæнадон цæстдарæг къамисы ног уæнгтæн. Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ сæ иумæйаг æмбырды равзарой сæрдары æмæ снысан кæной куысты пълан. Уæрæсейы Федерацийы æхсæнадон палатæйы къамисы сæрдар Мария Каннабих хъуамæ цæгатирыстойнаг къамисы уæнгтæн æмæ барадон оргæнты куысджытæн майы сараза иумæйаг æхуыртæ. Цæгат Ирыстоны ахæстоны ныртæккæ ис 1100 адæмаджы, æдæппæтæй та Тæрхондоны уынаффæтæ æххæстгæнæн федералон управленийы бæрны ис 4 мины æмæ 500 фыдæгæнджы. Сæ бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц уымæ йæ цæст дары æхсæнадон къамис. 8 азмæ æркастысты 250 курдиатмæ. Уыимæ ма сын къамисы уæнгтæ æххуыс кæнынц ахуырды, æнæниздзинады æмæ социалон фарстаты. Æхсæнадон палатæйы архайды фæрцы ныртæккæ ахст адæмæн фадат ис ахæстоны бадгæйæ ахуырад исын.




