филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 среда, 17 декабря 2025
27 апреля 2018, 12:10
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы разамындæй арæзт æрцыд бынæттон хиуынаффæйады оргæнты разамонджытимæ æмæ хицауады уæнгтимæ уæрæхгонд æмбырд

Ныхас цыд къорд ахсджиаг фарстайыл.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы разамындæй арæзт æрцыд бынæттон хиуынаффæйады оргæнты разамонджытимæ æмæ хицауады уæнгтимæ уæрæхгонд æмбырд

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг
Битарты Вячеславы разамындæй арæзт æрцыд бынæттон хиуынаффæйады оргæнты
разамонджытимæ æмæ хицауады уæнгтимæ уæрæхгонд æмбырд.Ныхас цыд къорд
ахсджиаг фарстайыл. Се хсæн – гæртæмттæ исыны хъуыддаг. Уымæн æмæ Дзæуджыхъæуы
администрацийы дыууæ бæрнон кусæджы ахст æрцыдысты, сывæллоны рæвдауæндонмæ бакæныны
тыххæй гæртам кæй истой, уый тыххæй. Битарты Вячеслав районты сæргълæуджытæн
бабар кодта, цæмæй сæ кусджытæн фехъусын кæной, регионы разамынд мидхъуыддæгты
министрады кусджытимæ кæй фæнд кæнынц коррупцийы ныхмæ ноджы карздæрæй тох кæнын.
Республикæйы Сæргълæууæг ма бабар кодта 15-æм майы онг алы районы æмæ Дзæуджыхъæуы
саразын кусæг къордтæ. Уыдоны уæнгтæ бæлвырд кæндзысты фæндæгты æмæ транспорты
тыххæй бæрæггæнæнтæ. Сæйрагдæр уыдзæн – нæ республикæйы территорийы артаджы æмæ
сæрдæн æрмæджытæ чи уæй кæны, уыцы куыстуæтты мониторинг. Уымæй аразгæ уыдзæн
республикæйы фæндаггон фонды бæрц, æмæ фондæй районтæм æмæ Дзæуджыхъæумæ цы
субсидитæ цæудзысты, уыдоны бæрц дæр. Схардз сæ кæндзысты фæндæгты цалцæгыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania