28 апреля 2018, 12:32
Инклюзивон ахуырады къуыри æххæстгæнгæйæ арæзт уыд паралимпаг спортивон хъæзтыты фестиваль
Архайдта дзы 100 адæмаджы.
Инклюзивон ахуырады къуыри æххæстгæнгæйæ
арæзт уыд паралимпаг спортивон хъæзтыты фестиваль. Футбол, Бочча, стъолыл
хъазгæ теннис, волейбол. Архайдта дзы 100 адæмаджы. Ацы акцийы нысан у – се
ппæты дæр базонгæ кæнын паралимпаг спортивон хъæзтытимæ, æмæ бамбарын кæнын,
алæкæмæн дæр дзы, йе нæниздзинад нæ хынцгæйæ, архайыны
фадат кæй ис. Фестиваль арæзт у Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты
инклюзивон кафедрæйы æххуысæй.
темæмæ гæсгæ




