03 мая 2018, 12:49
Абон кадджын уавæры байгом кæндзысты Æфсæддон-патриотон музей «Барбашовы фæз»
Арæзтадон куыстытæ цыдысты афæдзы дæргъы.
Абон
кадджын уавæры байгом кæндзысты Æфсæддон-патриотон музей «Барбашовы фæз».
Арæзтадон куыстытæ цыдысты афæдзы дæргъы. Кусджытæ пайда кодтой архивон
æрмæджытæй. Барбашовы цыртдзæвæны цур сарæзтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты техникæйы
экспозици, Намысы Аллейæ. Уым сæнусон кодтой
Советон Цæдисы 79 хъæбатæры нæмттæ. Сты Ирыстоны хъæбултæ. Экспонатты
диссагдæр у Уæлахизы парады Берлины чи архайдта, уыцы танк. Æппынæдзух
куыстытæм йæ цæст дардта мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков. Мадзалмæ гæсгæ
фæндаджы хай Дзæуджыхъæу-Алагир æхгæд уыдзæн Джызæлы онг. Йæ аразджытæ курæг
сты адæмæй æндæр фæндæгтæ цæмæй агурой æмæ ма стыхсой.
темæмæ гæсгæ




