филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:29 среда, 17 декабря 2025
04 мая 2018, 12:10
Республикæйы кадджын уавæры байгом кодтой Æфсæддон-патриотон музей «Барбашовы фæз»

Арæзтадон куыстытæ цыдысты афæдзы дæргъы.

Республикæйы кадджын уавæры байгом кодтой Æфсæддон-патриотон музей «Барбашовы фæз»
Республикæйы кадджын уавæры байгом кодтой Æфсæддон-патриотон музей «Барбашовы фæз». Арæзтадон куыстытæ цыдысты афæдзы дæргъы. Кусджытæ пайда кодтой архивон æрмæджытæй. Кадджын мадзалы архайдтой бæстæйы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Олег Белавенцев æмæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Бæрæгбоны уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Цæгат Ирыстон Юрий Барбашов нымайы дыккаг райгуырæн зæххыл, йæ фыдыæфсымæр, Советон Цæдисы хъæбатыр Петр Барбашов кæм ныгæд у, уыцы бынат та йын у уæлдай ахсджиаг. Юрий куыд зæгъы, афтæмæй æрвылаз архайы Уæлахизы бæрæгбонмæ ардæм ссæуыныл, фæззæджы та уæвгæ дæр хъавы, Дзæуджыхъæумæ цæрынмæ рацæуын. Ацы хатт республикæмæ ссыд æхсызгон хабары фæдыл – æрбахуыдтой йæ комплекс «Барбашовы фæз» гом кæнынмæ.
«Барбашовы фæз» у æфсæддон-историон комплекс. Проект æххæст кæнын райдыдтой фарон сæрды. Ныр бацæуæны ис Намысы Аллейæ. Сæнусон дзы кодтой Советон Цæдисы 79 хъæбатыры нæмттæ. Сты Ирыстоны хъæбултæ. Дарддæр æфсæддон техникæйы равдыст. Экспонатты диссагдæр у Уæлахизы парады Берлины чи архайдта, уыцы танк. Дзоты та равæрдтой æцæг æмæ ногæй кæй рацарæзтой, хæсты ахæм æвдисæнтæ.
Кадджын мадзалы – кадджын уазджытæ: бæстæйы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Олег Белавенцев, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Мидхъуыддæгты министрады цæгаткавказаг сæйраг управленийы хицау Сергей Бачурин. Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков уазджытæн сарæзта экскурси.
Битарты Вячеслав раарфæ кодта мидхъуыддæгты æмæ арæзтады министрадтæн, цы стыр куыст бакодтой, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм комплекс кæй байгом, уымæн ис стыр нысаниуæг.
Сæйраг уазджытæ сты, фидæны фæлтæрты сабыр цардыл чи тох кодта, уыдон. Ветеранты фидарæй зæгъынц, æнæмæнг ахæм дæнцæгтыл хъомыл кæнын хъæуы фæсивæд.
Бæрæгбоны кæронбæттæны арæзт æрцыд кадджын марш. Архайдтой дзы мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania