19 декабря 2012, 17:25
Зæрдæмæ фæндаг. Æбиты Валерæ
Æбиты Валериимæ нæ ныхас кæронмæ куы ‘рхæццæ, уæд хъуыдыты аныгъуылдтæн. Кæддæриддæр мæ дисы ‘фтыдта йæ бæрнондзинад. Æгæрон уарзтæй уарзы йæ райгуырæн Ирыстон æмæ йын зын у, нæ рæсугъд æгъдæуттæ, ирон уæздан царды фæтк хатт рохуаты кæй аззайынц. Æрыгон у, фæлæ бирæ мадзæлттæ аразы рæзгæ фæлтæры фыдæлты удварнæй схъæздыг кæнынæн. Уый тыххæй сарæзта «Ирон æгъдæутты скъола». Ардæм æхсызгонæй æмбырд кæнынц алы кары адæм, Æбиты Валерий сæ æрмæст ирон хæринæгтæ кæныныл нæ ахуыр кæны. Лекцитæ сын фæкæсынц культурæйы зындгонд архайджытæ дæр, ацæуынц Ирыстоны кувæндæттæм. Уæвгæ Æбиты Валерийæн йæхимæ куы байхъусат, уæд хуыздæр уыдзæн.