26 ноября 2018, 19:00
Усгур лæппу. Куырд
Ирон хæдзары лæппу агæй дæ нымад у хæдзары астæуккаг цæджындзыл. Лæппу – хæдзардарæг. Уый хъуамæ зыдтаид æмæ арæхстаид нæлгоймаджы алы куыстмæ дæр. Ууыл æй ахуыр кодтой йæ фыд, йæ мад.
Фæлæ рæстæг цæуы æмæ ивддзинæдтæ хæссы ирон бинонты царды уагмæ. Хъыгагæн, абоны бирæ æрыгон лæппутæ нал зонынц, уыимæ та нал арæхсынц ирон хæдзары нæлгоймаджы куыстытæм. Фæлæ ма Ирыстоны ис æрыгон лæппу-фæсивæд, фыдæлты микæнынады уыстытæ базонын йæхицæн хæсыл чи нымайы, мæ дарддæры царды мæ бахъæудзысты, зæгъгæ, чи хъыды кæны, ахæмтæ.
Уыдоны фæрцы нæ ног телепроект «Усгур лæппу»-йы ахуыр кæндзыстæм мах дæр. Афтæ, нæ фыццаг равдысты мах фембæлдыстам æфсæйнагимæ архайæг, куырд Азиты Бибоимæ. Нæ иумæйаг архайдæй цы рауад, уымæн ацы равдыст у æвдисæн…