филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 пятница, 17 мая 2024
06 февраля 2014, 11:19
Абон Уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей

Фидаргонд æрцыдысты, фермертæн, стæй фос дарыны куыст чи кæны, уыцы бинонтæн паддзахадон æххуыс кæныны уагæвæрдтæ. Каст цыд цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадимæ баст фарстатæм.

Абон Уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей
Фидаргонд æрцыдысты, фермертæн, стæй фос дарыны куыст чи кæны, уыцы бинонтæн паддзахадон æххуыс кæныны уагæвæрдтæ. Каст цыд цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадимæ баст фарстатæм. Хатдзæгтæ скодтой, бирæфатерон цæрæнуæтты бындурон цалцæджы, стæй адæмы кæлæдздзаг хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм раивыны программæтæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уымæн. Æрдзырдтой ма бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæгæн паддзахадон æххуыс кæныны ног закъоны проектыл. Хаст æрцыд уынаффæ скъоладзаутæн æмæ студенттæн, æфсæнвæндаджы транспортæй пайда кæнгæйæ, льготæтæ скæныны фæдыл. Ацы азы райдианæй 15 июньмæ, стæй 1-æм сентябрæй 31 декабрьмæ сæ фæндаггаг уыдзæн æмбис асламдæр. Æркастысты æндæр фарстатæм дæр.
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania