15 сентября 2025, 09:00
Аланий хабæрттæ
Сайраг темитæ:
Парламенти Совети цæугæ æмбурд арæзт æрцудæй Дигори райони. Депутаттæ, Спикер Тускъати Таймораз сæ сæргъи уотемæй, фæууидтонцæ физкультурон-спортивон комплекс,бабæрæг кодтонцæ фермерон хæдзарадæ, фембалдæнцæ амалгъом адæми хæццæ. Парламенти Совети æрдзурдтонцæ райони экономики райрæзтбæл, лух кæнуйнаг фарстатæбæл.
Иристони минæвæрттæ бабæй, сæ хъаури фæрци, фиццæгти æмрæнгъæ æрлæудтæнцæ Америки хуæсти егъау еристи. Сабети Хетæг æма Сæбанти Батраз Иристонмæ иссудæнцæ еци хуæсти фæсте æма сæ хæццæ фембалдан Сурх – Дигори .




