11 мая 2026, 09:00
Аланий хабæрттæ
Сайраг темитæ:
Еу анзæй иннемæ цæмæдессаг дæр, еу хаттæй иннемæ нæуаргун дæр фæууй Ирæфи райони Хæзнидони гъæуи, сæ фурттæмæ æнгъæлмæ кæсгæ ка байзадæй цæргæбонти, уоци ниййергути кадæн ци мадзал » Поклонимся Матери солдата» арæзт æрцæуй, е. 9-аг хатт Хæзнидонмæ, уоци ниййергути кадæн æвæрд монументти размæ, æрбамбурд унцæ Цæгат Иристони районтæ, æма синхаг республикити минæвæрттæ.
Парти «Еугонд Уæрæсе»-й æхсæнадон æнхуси штаби арæзт æрцудæй шахмæттæй турнир «Уæлахези цуд». Турнири архайдтонцæ Сергей Карякини номбæл шахмæтти скъолай ахурдзаутæ, удта сæрмагонд æфсæддон операций архайгути сувæллæнттæ.




