Æнæзинадæй, бабæй, Тускъати Таймораз æрзилдæй республики æрæзтадон объекттæбæл.
Сконд, гъуддæгутæ, удта фендæнмæ фæндтæбæл æрдзурдтонцæ Цæгат Иристони журналистти цæдеси съезди.
Фулдæр гæнæнтæ. Гъæбесæй хуæсти хузти фæсевæди спортивон скъола сæрустур æй æ гæнæнтæй.
Адæми æнцондзинадæн мадзал. Дзæуæгигъæуи хестæр кари адæн бонигон сæ рæстæг кæми æрвитунцæ, уоци центр, æнгъæлмæ кæсуй 65 анземæй минкъийдæр кæбæл цæуй, уоци лæггæдтæ есгутæмæ.
Маддæлон æвзаг фæлтæртæмæ хæссуни фæрæз – газет «Дигорæ» арæхдæр æмбæлдзæнæй æ кæсæгбæл.
Сувæллони ацъагъуа раргом кæнгæй си, федæни, рауайуй дæсни специалист.
Сæйраг темитæ:
Бæрæггонд æрцудæнцæ Цæгат Иристони сæргълæууæги премий аккаг журналистон куститæ. Æрвиланзон конкурси уæлахездзаутæй еу иссæй газет «Дигори хабæртти » журналист.
Æ бæллец æ къохи бафтудæй. Дур-Дури Уæлахези Парк фæгъæздугдæр æй еу экспонатæй. Æвæрд си æрцудæй сармадзан.
Ирон академион театр æ аци анзи сезон байгом кæндзæнæй еума премьерæй. Нур 4-аг хатт сценæбæл æвæрд æрцæудзæнæй адæмæн уарзондæр спекаткльтæй еу «Пæси фæндон».
Анзмæ сарæзт мадзæлтти фæрци, Ирæфи район нимад æрцудæй республики æнтæсгиндæр муниципалон скондбæл.
Иристони кадгин хестæр, Фидибæсти Стур тугъди цаути æвдесæнтæй еу, Гулути Хизир, рахецæн æй æ цардæй.
Сбæрæг æнцæ Ирæфи райони æрвиланзон конкурс – ка хуæздæр саййев кæндзæнæй æ хæдзари раз Нæуæг анзми уæлахездзаутæ.
Нæуæг азмæ бакъахдзæф кæнуни размæ, алкедæр ракæсуй фæстæмæ-скæнуй хатдзæгтæ æ анзи гъуддæгтæн. Дигори районбæл рафæлгæсгæй дæр æнгъезуй бацийнæ кæнун сæ æнтæстдзинæдтæбæл.
Сувæллони исон бон æ аци бонæй аразгæ ке æй , уой лæдæрунцæ Хæзнидони гъæуи хестæртæ. Аразунцæ гæнæнтæ сæ кæстæрти рохс федæнæн.
Нæуæг анзи бæрæгбони æнкъæрантæ адæнмæ фæхъхъæртун кæнунбæл бакустонцæ Дигори райони сфæлдистади гъомбæлгæнгутæ æма гъомбæлгæнуйнæгтæ.
Æвзурст æрцудæй Ирæфи райони сæргълæууæг. Бунæттон хеунаффæйади æмбурди депутатти фулдæр хай сгъæлæс кодта Гъуцъунати Хъазбеги кандидатурæбæл.
Дигори райони цæрæг адæни пайдайан си арæзт æрцудæй «Точка Рости» цуппар хайади. Сæ куст син фæууидта Хецауади сæрдар Тускъати Таймораз.
Республикæ æхе цæттæ кæнуй Нæуæг Анзи бæрæгбонмæ. Аййевгонд цæунцæ æгас районти гъæунгтæ дæр. Аразунцæ Нæзи бæлæстæ.
Нæуæг ихæстæ, нæуæг скæнуйнаг гъуддæгутæ. Битарти Вячеславæн косæг фембæлд адтæй æрдзон æвæрæнтæ æма экологий министри ихæстæ æнхæстгæнæг Хидирти Батрази хæццæ.
30 анзей дæргъи косунцæ бæхти арæхстдзинæдтæ адæнмæ хæссунбæл. Театр «Нартæ»-фулдæр хъаурити хæццæ бавналдта нæуæг постановкитæ æвæрунмæ.
Цæгат Иристони фæстаг рæстæг скъолати æма сфæлдистадон хæдзæрдтти берæ хуаздзинæдтæ конд цæуй куд ахурдзаутæн, уотæ ахургæнгутæн дæр. Бабæрæг кодтан Дигорай сфæлдистади хæдзарæ.
Мæздæги сувæллæнттæн æма ахургæнгутæн фæззиндтæй фулдæр гæнæнтæ сæ ахур æма куст хæссунæн. Байгом си æй нуриккон скъола.
Ахургæнæндæнттæ æма рæвдауæндæндти Нæуæг анзи бæрæгбон арæзт рæцæудзæнæй æнæ ниййергутæй.
Адæни размæ хаст æрцудæнцæ Хидирти Ехьяй къохфинститæ. Рохс фæууидта киунугæ «Цæргæси астъонæ».
Уæллаг Ларси цæстæдарæн – уадзæн пункт, Федералон фæрæзнити фæрци, нæуæг анзи гъæуама фæурухдæр кæнонцæ.
Адæми æнцондзинадæн гæнæн. Ирæфи райони Будури Дæргъæвси цалцæги фæсте байгон æй Культури хæдзарæ.
Дзиллитæ сбæрæг кодтонцæ Мади бæрæгбон. Берæсуллæнгин Боранти бийнонтæ бабæрæг кодтан мах дæр.
Фулдæр адæнæн банхус кæнуни нисанеуæги хæццæ медицинон колледжи студентти ахур кæнунцæ короновирусæй сæйгитæмæ зелунбæл.
Ацибон райдæдтæ Иристони кадгиндæр бæрæгбæнттæй еу – Геуæргоба. Аци анз, пандемиямæ гæсгæ,æ саразуни гæнæнтæ фæунгæгдæр кæнун гъæуй.
Фулдæр гæнæнтæ! Республикон литературон-аййевадон журнал «Ирæф» нур æнгъезуй балхæнун киунугути тукæнтти дæр.
Берæ æнзти исаразæн кæмæн нæ адтæй, еци гъуддаг царди æ бунат еруй. Донифарси косун райдайдзæнæнцæ диорит есунбæл.
Сæ ном иронх некæд уодзæнæй. Се фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй рандæнцæ- рандæ уо æма мабал æрбацо й надбæл.
Иристони кадгидрæр хестæртæй еу, Ирæфи райони «Стур Нихас» -и сæрдар Хуасдзаути Тазретæн, æ берæ фæллæнтти тухæй, раарфæ кодта Битарти Вячеслав.
Цæгат Иристони цардгъондзинади бæрæггæнæн. Фулдæр кæнунцæ социалон ахадундзинадæ кæмæн ес, уоци арæзтæдтæ. Сæ уавæр бабæй син фæууидта Тускъати Таймораз
Нури рæстæги, эпидемион уавæрмæ кæсгæй, аразун гъæуй цард. Æнæнездзинадæй сæйрагдæр ке неци ес, уой хæццæ арази æй Ирæфи райони сæргълæууæг Хидирти Батраз дæр.
Дигори райони цæргутæн æнæзонгæ нæй æ ном. Тобойти Цæрæг æ фæсте, адæми зæрдити, ниууагъта рæсугъд æнкъарæнтæ æма гъудитæ.
Фæстаг рæстæг стур æргом здæгът цæуй, Цæгат Иристони культурон хæзнатæ багъæуай кæнунмæ. Косунцæ сæбæл куд федералон программити фæрци, уотæ син сæ федæнмæ куд фæнди цæстæй ка нæ кæсуй, уоци амалгъон адæни хъаурæй дæр.
Рæстæг цæуй, фал нæ абони райдзаст цардмæ над игæрдгути скъуæлхтдзинæдти ахадундзинадæ ба минкъийдæр гъæуама ма кæна. Сæ тугъддон хабæрттæ син хæссун гъæуй фæлтæртæмæ.
Еума æвæрæн маддæлон æвзаги къæбецмæ. Рохс фæууидта Хидирти Ехьяй киунугæ «Цæргæси астъонæ»
Нури рæстæги адæми тухст фулдæр æй кусти бунæттæ ке нæ фагæ кæнуй, уомæй. Уобæл гъуди кæнгæй Ирæфи райони Хæзнидони гъæуи байгом æй компани БТК-й филиал.
Тиллæг исесун еу гъуддаг æй, фал æй рæстæгмæ бабунати кæнунæн ба гъæуй уавæртæ. Кустуат «Диг-Агри» фæрци уоци гъуддаг нур æнæзæрдæдзоргæй .
Дигорай футболон клуби разамунди курдиадæ æнхæстгонд æрцудæй. Сæ стадиони æвæрд æрцудæнцæ трибунитæ.