Цæгат Иристонæни сæйгæдæндтæмæ идарддæр цæуй æнхус. Нæуæгæй бабæй исхъæрдтæй Мæскуйæй.
Республики мухури фæрæзтæ тухсунцæ, нури уавæртæ лæгъуз æрдæмæ ке фæббæрæг уодзæнæнцæ газеттæ æма журналти рафинсуни гъуддагбæл
Æрдзи лæвар нæзи бæласи дзæгæрæги ругæ! Æ пайдай туххæй нæ равдисти æрмæг.
Уавæрмæ нæ кæсгæй, Цæгат Иристони гъæууон хæдзаради къабази минæвæрттæ кæнунцæ уалдзигон куститæ. А дуууæ бони туд фæууодзæнæнцæ хумзæнхитæ.
Федералон программитæмæ гæсгæ идарддæр куст цæуй республики горæттæ æма гъæути социалон ахадундзинадæ кæмæн ес , уоци объектти арæзтадæбæл.
Нæуæгæй бабæй иристойнаг скъоладзау ссай Еугуруæрæсеон интеллектуалон олимпиадæ «Умницы и умники»-й уæлахездзау.
Цæгат Иристони идарддæр кæнунцæ «Намуси æма Зæрдæбæлдаруни» анзи хæццæ баст мадзæлттæ. Арæзт æма цалцæггонд цæунцæ æнсувæрон циртдзæвæнтæ.
Æ сфæлдистадон ацъагъуа ин базудтонцæ æгас дуйней цæргутæ. Дигорайаг скъоладзау Сументи Елизаветæ рацудæй егъау конкурси финалмæ.
24 -аг маййи дуйней пусулмæнттæ бæрæг кæндзæнæнцæ Ураза -Байрам. Æ медеси туххæй нæ программи æрмæг.
Цæгат Иристони зæрдæхæлар адæм идарддæр се нхуси хай хæссунцæ, куд фæккæсунгъæуагæ бинонти æрвилбони цард фенцондæр кæнунмæ, уотæ дохтурти æдасдзинадæн мадзæлттæ аразунмæ дæр.
Æ цардæй рахецæн æй Уæрæсей Федераций зундгонд дохтур, Цæгат Иристони финсгути цæдеси иуæнг , Иристони адæми сфæлдистадон хæзнадонæмæ гъæздуг æвæрæн ка бахаста, уоци курурухон хестæр Гетъоти Дафай фурт Виктор. Æ цардьбæл рафæлгæст дæ программи
Фидибæсти Стур тугъди сæ цард , нæ абони райдзаст цардбæл ка равардта, уони нæмдтæ иронх конд нæ цæунцæ Иристони цæргутæй.
Куд æма циуавæр мадзæлдтæ арæзт æрцæудзæнæй Уæлахези бон Иристони, удта куд бæрæггонд æрцудæнцæ æма цæунцæ Фидибæсти тугъди ветерантæ, уой туххæй радзордзæнæй республики Хецауади сæрдар Тускъати Таймораз.
Еумæ авæрæн хаст æрцудæй Иристони хæзнадонæмæ. Рохс фæууидта Дзасохти Александри арæзт киунугæ «Время не властно над Великой Победой»
Нуртæккæ берæ кустуæттæ рахизтæнцæ идæрддзæфи косуни уавæрмæ. Республикон литературон-аййевадон журнал «Ирæфи» редакцийæн дæр æ архайд еунæг бон дæр нæ банцадæй. Æ радон номер баст æй Фидибæсти Стур уæлахези хæццæ.
Цæгат Иристони ахурадæ æма науки министрадæй куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй ахури анз фæууодзæнæй рагагъоммæ. Рауагъдон кълæсти ка нæ ‘й, уонæн райдайдзæнæнцæ сæ каникултæ 16 маййæй.
Республики дохтурти короновирусæй багъæуай кæнунæн арæзт цæуй берæ мадзæлттæ. Се ‘вæрæн имæ бахастонцæ Мæскуй ирон æхсæнади иуæнгтæ дæр.
Ирæфи райони гъæууон хæдзаради къабазæ фæгъгъæздугдæр æй кæсалгæ даруни кустæй – Чиколай цадтæмæ уагъд æрцудæй, Иристони ке схастонцæ уæхæн кæсалги бæдæлттæ.
Æрæдони æма Горæтгæрон районти сæйраг сæйгæдæнттæ цæттæ æнцæ коронавирусæй сæйгæ адæми райсунмæ, эпидемиологон уавæр ку фæккарздæр уа, уæд. Уой туххæй оперативон штаби æмбурди рæтæг фегъосун кодта республики сæргълæууæг Битарти Вячеслав.
Ирæфи райони бугъдонæмæ берæ æнзти ласт цудæй аллихузи бугътæ. Нур, кæд закъонмæ гæсгæ æ куст уорæд æрцудæй, уæддæр имæ кадæртæ баласуй бугъта, уой хæццæ ба ма сæбæл бандзарунцæ. Æ нихмæ ци конд цæуй, удта æдæми куд тухсун кæнуй!
Нæ телерадиокомпаний косгутæ, идарддæр, дзиллити размæ хæссунцæ нæ сæребар цардмæ æвæрæн ка бахаста, уони тугъддон хабæрттæ. Нæ абони равдисти уæ зонгæ кæнæн Чибити Хизири бæгъатæрдзинæдти хæццæ.
Цæгат Иристони арæзт цæунцæ мадзæлттæ, короновирусмæ гæсгæ æгустæй хæдзари ка бадуй, уонæн банхус кæнунæн.
Алцидæр дохтурти æдасдзинадæн. Ирæфи райони хуйгути фабрики косгути сагъæс — дохтуртæ короновирусæй багъæйуайкæнун.
Аразунцæ син сæрмагонд уæлæдарæс. Сувæллæнтти хæдзæртти гъомбæлгæнуйнæгтæ сæ рæстæг куд æрветунцæ карантини рæстæг? Дур-Дури скъола-интернат «Надежди» уавæрти туххæй нæ равдисти æрмæг.
Ирон æвзаги дигорон диалектбæл информацион программæ.