12 июля 2021, 09:00
Вести. Дигоронау
Сæйраг темитæ:
Куд идарддæр, уотæ фулдæр сконд гъуддæгутæ. Иристони арæзтæдтæбæл куст куд цæуй, уой, бабæй, фæууидта Тускъати Таймораз.
Ирæфи райони хуйæн фабрикæ Иристони, удта нæ Бæсти цæргутæн лæггадæ кæнуй æноси æрдæгмæ хæстæг. Æ коллектив еу æма дуууæ хатти нæ равдиста æ кустгъомдзинадæ.
Бонæй – бонмæ цæмæдессагдæр. Иристони сувæллæнттæн маддæлон æвзагбæл цæуæг еунæг журнал «Ногдзау» царди нæуæгдзинæдти хæццæ æмдзо кæнуй, æма еруй над æ кæсæги зæрдæмæ.