22 марта 2018, 18:01
1-æм апрелæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны кусын райдайдзæн тагъд медицинон æххуысы иумæйаг диспетчерон службæ
Ахæм уынаффæ хаст æрцыд, республикæйы сæргълæууæг рынчындæтты сæйраг дохтыртимæ цы æмбырд сарæзта, уым.
1-æм апрелæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны кусын райдайдзæн тагъд медицинон æххуысы иумæйаг диспетчерон службæ. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд, республикæйы сæргълæууæг рынчындæтты сæйраг дохтыртимæ цы æмбырд сарæзта, уым.
Ныр адæмы æппæт курдиæттæ цæудзысты иу ранмæ, æмæ Глонассы системæйы фæрцы æххуыс кæй хъæуы, уымæ хæстæгдæр цы машинæ уа, уый бацæудзæн. Афтæмæй службæйы куыст тагъддæр æххæстгонд цæудзæн. Битарты Вячеслав загъта, республикæйы алы цæрæгæн дæр хъуамæ кæй уа фадат, æмбæлгæ медицинон æххуыс райсынæн. Æмтгæй райсгæйæ, æмбырды æрдзырдтой æнæниздзинадхъахъхъæнынады риссагдæр фарстатыл. Сæрмагонд æргом здæхт æрцыд, медицинон кусæнуæттæм хостæ иумæйагæй æлхæныны хъуыддагмæ. Раздæр сæ рынчындæттæ сæхæдæг æлхæдтой алыхуызон æргътæм гæсгæ. Ныр иумæйаг системæмæ рахызтысты, фæлæ йæ куыст къуылымпы кæны. Æмбырды архайджытæм ацы хъуыддагмæ уыд алыхуызон цæстæнгас. Иуты хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы, цæмæй медицинон кусæнуæттæ, раздæрау, сæхæдæг æлхæной хостæ, фæлæ фæкарздæр кæнын цæстдард. Иннæтæ загътой, афтæмæй хæрдзтæ фылдæр кæй уайынц. Кæронбæттæны рахастой уынаффæ, ацы хъуыддаг иумæйагæй æххæст кæнын, фæлæ системæйыл бакусын, цæмæй къуылымпыдзинæдтæ ма уа, уый тыххæй. Æмбырды ма ныхас цыд, президенты майы указтæ æххæст кæныныл, фидæны дохтырты цæттæ кæныныл, стæй рынчындæттæн цы хæстæ ис, ууыл.

темæмæ гæсгæ