Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Дагестаны, Стъараполы крайы атамантæ. Ныхас цыд экстремизмы ныхмæ Уæрæсейы Хуссар хайы хъазахъхъæгты æрбангом кæныныл.
16 февралы та Дзæуджыхъæуы уыд Теркаг хъазахъхъаг æфсады Стыр æмбырд. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй фæстаг рæстæг Стъараполы крайы æмæ æндæр регионты экстремистты къухæй цы фыдбылызтæ æрцыд, уыдонимæ хъæуы карзæй тох кæнын. Хъазæхъхъæгтæ цæттæ сты фыдгæнджытимæ тох кæнынмæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ хъæуы аразын къордтæ æмæ сын раттын бар хæцæнгарзæй пайда кæнын. Уæд фыдгæнджытæ дæр афтæ уæндонæй нал цæудзысты.
Боны фæткы иннæ ахсджиаг фарста уыд атаманы æвзæрстытæм бацæттæ кæнын. Ныртæккæ Теркаг хъазахъхъаг æфсады ис 2 хайы: æхсæнадон æмæ реестрон. Фарон реестрон æфсады атаман Сергей Клименко отставкæйы ацыд. Ныр хъæуы равзырын ног атаман.




