Ныртæккæ курорты цæуынц ахадгæ цæттæгæнæн куыстытæ
1-æм декабры Мамысоны райдайдзæн къахдзоныгътыл бырæн сезон. Ныртæккæ курорты цæуынц ахадгæ цæттæгæнæн куыстытæ. Специалисттæ æвæрынц миты кусæнгæрзтæ. Ныридæгæн сæвæрдтой хæтæлты хыз, 77 митын сармадзанæй уал цæттæ сты 47. Специалисттæ алцыдæр кæнынц, цæмæй фæлладуадзджытæ хорз æнкъарæнтæ райсой, уый тыххæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ныртæккæ курорт «Мамысон»-ы къуылдымтыл туристтæ не сты, фæлæ сын инфраструктурæ чи цæттæ кæны, уыдон. Дæсгай кусджытæ æмæ инженертæ нысангонд фæтк æххæстгæнгæйæ цæттæ кæнынц курорт байгом кæнынмæ. Фæлæ сæ тагъд раивдзысты мингай уазджытæ, ам йæ фæллад уадзын кæй фæнды, уыдон. Курорты сæйрагдæр объекттæй иу у ног бирæвæрсыг сервисон центр. Уыдзæн дзы 15 номеры, ресторан æмæ ма суанг æппæт хъæугæ спортивон инвентарь арендæйы райсыны пункттæ.
Курорты æххæстæй цæуынц аразгæ миты системæ æвæрыны куыстытæ. Æдæппæтæй къуылдымтыл сæвæрдзысты 77 митын сармадзаны. Ныртæккæ уыдонæй сæвæрдтой æмæ кусынмæ цæттæ сты 47. Ацы кусæнгæрзты фæрцы сæйрагдæр трассæтæ æмбæрзт уыдзысты митæй.
Фæлæ ацы ифтонггæрзтæн сæ бон нæ уыдзæн кусын æнæ хызтæй. Хæтæлтыуылты мин метры бæрзæндмæ лæвæрд цæудзæн дон, уымæй рауайы аразгæ мит. Абоны онг «Мамысон»-ы сæвæрдтой 8 километрæй фылдæр хæтæлтæ. Ацы ахсджиаг къæпхæн фæуынæн ма специалисттæн баззад километрæй къаддæр сæвæрын. Курорт «Мамысон»-ы проекттæ аразæн управленийы разамонæг Альберт Хагажеев куыд зæгъы, афтæмæй ам арæзт цæуынц уавæртæ фæллад уадзыны алы хуызтæн.
Къахдзоныгътыл бырæн сезон Мамысоны райдайдзæн 1-æм декабры. Курорты уазджытæм æнхъæлмæ кæсы 10 трассæйы. Сæ иумæйаг дæргъ у 20 километры бæрц.




