Ацы бæрæггæнæнтæ Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта тарифты регионалон службæйы разамонæг Плиты Вадим
1-æм июлæй фæстæмæ Уæрæсейы цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты æргътæ фæфылдæр уыдзысты 11,9 проценты. Цæгат Ирыстоны донæй ифтонг кæныны тариф фæзынаргъдæр уыдзæн 32%, дондзæуæн куыстытæ æххæст кæныны лæггæдтæ 22 %, хармгæнæн системæ 20, электрон тых 12,3, газ – 12, 3%. Ацы бæрæггæнæнтæ Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта тарифты регионалон службæйы разамонæг Плиты Вадим. Коммуналон лæггæдты æргътыл кæй бафтдзæн, уымæн ис цалдæр аххосаджы. Уый, электрон тыхы æргътæ кæй фæуæлдæр уыдзысты, уый, коммуналон системæйы бындурон цалцæджы тарифтæм ивддзинæдтæ хаст кæй æрцыди, уый æмæ афтæ дарддæр. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй республикæйы хъуамæ уа алы къабæзты хæрдзты иумæйаг методикæ, цæмæй процесс уа æргом.
