филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 суббота, 28 сентября 2024
01 июня 2020, 17:04
1-æм июнь у сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтдунеон бон

Республикæйы сывæллæттæн бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодта Битарты Вячеслав

Абон у сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтдунеон бон. Бæрæгбон сфидар кодтой 1949-æм азы Сылгоймæгты демократон федерацийы Советы æмбырды. Фыццаг хатт æй сбæрæг кодтой 1950 азы. Æрвылаз æй фæбæрæг кæнынц алыхуызон зæрæдæмæдзæугæ мадзæлттæй, фæлæ ацы аз уавæр хынцгæйæ бæрæгбоны мадзæлттæ ивд æрцыдысты.

Фæлæ республикæйы сывæллæттæн бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодта Битарты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй  сабитыл аудындзинад æмæ сæ рухс фидæныл архайын у паддзахады сæйрагдæр мæт. Уый хорз зыны нæ республикæйы. Арæзт цæуынц ног рæвдауæндæттæ, скъолатæ, ирхæфсæн æмæ спортивон фæзтæ, стыр фæрæзтæ хардз  кæнынц ахуыргæнджыты, хъомылгæнджыты æмæ сывæллæтты дохтырты квалификаци фæхуыздæр кæныныл – загъта йæ арфæйы ныхасы Битарты Вячеслав.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania