филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 06 декабря 2025
12 сентября 2025, 11:08
10 ахуыргæнæджы ног ахуыры азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны кусын райдыдтой программæ «Хъæуккаг ахуыргæнæнг»-мæ гæсгæ

Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы ныммыхуыр кодта республикæйы Сæргълæууæг

10 ахуыргæнæджы ног ахуыры азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны кусын райдыдтой программæ «Хъæуккаг ахуыргæнæнг»-мæ гæсгæ. Уый тыххæй йæ телеграмм-каналы ныммыхуыр кодта республикæйы Сæргълæууæг. Се хсæн – куыд фæлтæрдджын, афтæ æрыгон ахуыргæнджытæ. Специалисттæн сæ фылдæр сты математикæйы ахуыргæнджытæ, ис дзы уырыссаг æвзаджы æмæ литературæйы, биологийы æмæ англисаг æвзаджы ахуыргæнджытæ. Кусын райдыдтой Тарскæйы, Хæзныдоны, Фарныхъæуы, станицæ Николаевскæйы æмæ æндæр рæтты. Программæйы архайджытæй алчидæр райсдзæн уыцы иу фиддон, 1 милуан сомы. Программæ «Хъæуккаг ахуыргæнæг» хауы «Фæсивæд æмæ сывæллæтты» национ проектмæ. Баст у хъæуты скъолаты ахуырады рæзтæн æххуыс кæнынимæ, стæй сывæллон кæмфæндыдæр куы цæра, уæддæр сын иухуызон ахуырады фадæттæ аразынимæ. Ахсджиаг у, программæйы фæрцы, ахуыргæнджытæн æххуыс кæныны фадат кæй ис, уый дæр, загъта Сергей Меняйло. Афтæмæй, сывæллæттæ исынц нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм зонындзинæдтæ, стæй пайда у кадртæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania