филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
16 января 2025, 11:06
11-æмкъласонтæ сæхи цæттæ кæнынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ

Цæттæгæнæн лæвар центртæ ивгъуыд аз байгом кодтой республикæйы районты

Рауагъдон кълæсты ахуырдзаутæн райдыдта ахсджиаг рæстæг. 11-æмкъласонтæ сæхи цæттæ кæнынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ. Цæттæгæнæн лæвар центртæ ивгъуыд аз байгом кодтой республикæйы районты, Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.  Фæсивæдæн сæхи бон у равзарын центр. Куыд кусынц сæрмагонд ахуыргæнæндæттæ, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Скъолайы Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæкæнынады Центрмæ æдзух чи цæуы, уыдонæй иу у 11-æм къласы ахуырдзау Тлатты Мурат. Рауагъдон йæ фидæны дæсныйад раджы равзæрста. Мурат йæ ныййарджыты хуызæн фæнд кæны юридикон факультеты сахуыр кæнын. Уый йын фидæны байгом кæндзæн дуæрттæ барад хъахъхъæнынады оргæнтæм  бацæуынæн. Цæмæй нысан къухты бафта, уымæн йæ фыццаг стыр къахдзæф у Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ æнтыстджынæй раттын. Центры Мурат йæхи цæттæ кæны историйæ æмæ æхсæнадзонынадæй фæлварæнтæм. Ахуыртæ цæуынц къуыри иу хатт 26-æм скъолайы. Уыцы уæлæмхасæн цæттæкæнынадæй уæлдай ма цæуы репетитортæм дæр.

11-æм къласы ахуырдзауты Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæ кæнынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Уыдоны уæхсчытыл ис дывæр хæс. Центры æрмæст 26-æм скъолайы ахуырдзауты нæ цæттæ кæнынц, фæлæ Дзæуджыхъæуы 4 ахуыргæнæндоны минæвæртты дæр. Æдæппæтæй 101 ахуыргæнинаджы. Цæттæ сæ кæнынц химийæ, биологийæ, математикæйæ, историйæ æмæ æхсæнадзонынадæй. Химийы ахуыргæнæг Дзансолты Лианæйы ныхæстæм гæсгæ, скъоладзауты зонындзинæдтæ иу æмвæзадыл не сты. Уый тыххæй алы рауагъдонмæ дæр хицæнæй цæстдард цæуы.

Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæ кæныны Центртæ, лæвар кæм ахуыр кæнынц ахæмтæ, Цæгат Ирыстоны алы районы дæр байгом сты фарон республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ. Сæ куыст тынг ахадгæ кæй у, уый фæбæрæг кодтой республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады. Уымæ гæсгæ рауагъдонты курдиатмæ гæсгæ сæ нымæц 12-æй схызт 17-ы онгмæ. Иууылдæр кусынц скъолаты бындурыл. 11-æм къласонтæй алкæмæн дæр фадат ис равзарын, кæцы Центры цæттæ кæндзæн йæхи фæлварæнтæм, уый.

Ацы къабазы куыст азæй азмæ кæны парахатдæр æмæ ахадгæдæр. Сæйраг нысан у, цæмæй скъоладзау æрмæст Иумæйаг паддзахадон фæлварæн радта уый нæ, фæлæ ма райса æппæтæй бæрзондæр балл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania