филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:52 среда, 17 декабря 2025
06 февраля 2018, 18:01
110 милуан сомы радих кодтой æххуысхъуаг бинонтæн

Республикæйы кусын райдыдта, йе фтиæгтæ ныллæг кæмæн сты, уыдонæн æххуыс кæныны программæ.

110 милуан сомы радих кодтой æххуысхъуаг бинонтæн. Республикæйы кусын райдыдта, йе фтиæгтæ ныллæг кæмæн сты, уыдонæн æххуыс кæныны программæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы хицауады æмбырды.
Ног закъонмæ гæсгæ 2018-æм азы фыццаг ноггуырд цы бинонты фæзынд, уыдонæн хъуамæ радтой 9 мины 372 сомы. Ахæм æххуыс исдзысты, цалынмæ сывæллоныл афæдз æмæ рдæг нæ сæххæст уа, уæдмæ. Программæмæ хауынц цæрынæн æппын къаддæры æфтиаджы бæрц 1 æнæхъæн æмæ рдæгæй фылдæр кæмæн нæу, уыдон. 9 мин 730 сомы та исдзысты æртыккаг æмæ фылдæр сывæллоны кæм райгуырд, уыцы бинонтæ. Социалон райрæзты министр Хъесаты Игорь куыд загъта, афтæмæй сæм ног азæй курдиæттæ балæвæрдтой 13 адæймаджы, уыдонæй 7 исын райдайдзысты фæрæзтæ. Ноджыдæр ма иу æххуыс – фæкæсынхъуаг бинонтæн. Се фтиæгтæ ныллæг кæмæн сты, уыдонæн цæмæй коммуналон лæггæдтæ æнцондæр фидын уа, уый тыххæй республикæйæн субсидиты хуызы радих кодтой 100 милуан сомы. Уыцы льготæйæ пада кæндзысты 36 мин бинонтæ. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй хуыздæр царды уавæртæм ракæныны фондыл. Ацы аз уыцы нысанæн радих кодтой 344 милуан сомы. 37 хæдзарæй, ногтæм цæрæнуæттæм раивдзысты 900 адæмаджы. Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы фарста æххæстгæнгæйæ Цæгат Ирыстон бацыд 10 хуыздæр регионты хыгъдмæ. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой республикæйы бюджеты ивддзинæдтыл. Афтæ ацы азы æфтиæгтæ сты 25 миллиард сомы, фæстауæрцгонд æрцыд 82 милуан сомы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania