филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:02 суббота, 18 мая 2024
06 ноября 2013, 11:26
12-æм ноябры Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон театры арæзт æрцæудзæн паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы 75 азы юбилейы кадæн концерт

Сфæлдыстадон къорд йæхи зæрдиагæй цæттæ кæны йæ бæрæгбонмæ. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Фендзысты сæ уарзон кæфтытæ, æмæ ног æвæрд хореографион уацмыстæ.

Сфæлдыстадон къорд йæхи зæрдиагæй цæттæ кæны йæ бæрæгбонмæ. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Фендзысты сæ уарзон кæфтытæ, æмæ ног æвæрд хореографион уацмыстæ.

Къæрцгæнæнтимæ кафт у «Алан»-ы лæвар, йæ юбилеймæ чи æрбацæуа, уыцы аивадуарзджытæн. Ансамблы архайджытæн у ног хуыз. Сæвæрдта йæ хореограф Сихъоты Тимур, репетитор та у балетмейстер – Суанты Валерий.

Баймæтаты Оксанæ, паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы кафæг: «Фыццаг нæм зын фæкастис. Уый фæстæ йын йæ музыкæ куы фехъуыстам, куыд æвæрд уыдзæнис, уый нæ зæрдæмæ тынг фæцыд, æмæ уыцы зындзинæдтæ фестейы баззадысты. Тынг æхсызгонæй кафæм».

Плиты Нодар, Байты Альбинæ, Торчынты Бексолтан, Карсанаты Гæлинæ. «Алан»-ы ном æппæт дунейы хъуыстгонд кæй руаджы у, уыдоны се `ппæты ранымайæн зын у. 75 азмæ ансамбль гастрольтимæ бабæрæг кодта бирæ бæстæтæ, æмæ сыл алы ран дæр æмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ. Уымæн æвдисæн сты сæ бирæ хæрзиуджытæ. «Алан» хорзæхгонд æрцыд 5 континенты æппæтдунеон фестивалы сыгъзæрин майданæй, у Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, æппæтуæрæсеон æмæ дунеон конкурсты уæлахиздзау.

1938-æм азы республикæйы фæзынд кафты æмæ зарды ансамбль. Йæ бындурæвæрæг – Кокойты Тæтæрхъан. Сфæлдыстадон къорд фылдæр заргæ кодта. Кафæн къæйттæ дзы уыд æрмæстдæр 6. 66-æм азы сси кафты ансамбль, 2 азы фæстæ та Уарзиаты Хаджысмелы разамындæй йæ схуыдтой «Алан».

Ирон хореографийы фæлтæрдджындæр артистты традицитæ дарддæр хæццæ кæнынц абоны фæлтæры кафджытæ. Баймæтаты Оксанæ «Алан»-ы кафынмæ бæллыд 8-æм къласы куы ахуыр кодта, уæдæй фæстæмæ. Ныр 13 азы ис ансамблы хыгъды. Алы хатт дæр сценæмæ рацæугæйæ йæ зæрдыл дары, цы кадджын сфæлдыстадон къорды ном хæссы, уый.

Баймæтаты Оксанæ, паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы кафæг: «Сæ концерттæм алы хатт дæр цыдтæн. Иу хатт дæр нæ фæцух кодтон. Мæ зæрдæмæ тынг цыдысты, уыцы афон чи кафыд, уыдон – Касаты Гæлинæ, Сæлбиты Гæлинæ, Байты Альбинæ, Калоты Земфирæ. Тынг бæллыдтæн мæхæдæг дæр афтæ кафынмæ».

Абон ансамблы репертуары ис 35 кафтæй фылдæр. Алкæцыйæн дæр сæ хъæуы хицæн костюмтæ.

Ацы аз юбилеймæ цæттæгæнгæйæ ансамблы ахадгæ куыст бакодтой. Бантыст цалдæр кафтæн ног костюмтæ бахуыйын, бæстыхай сцалцæг кæнын. Уæдæ, цæмæй бæрæгбон æмбæлгæ æмвæзадыл арæзт æрцæуа, ууыл дæр бацархайдтой.

Къубалты Эльбрус – паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг: «Ног кино систам ансамблыл, сцалцæг кодтам, къамтæ бацæттæ кодтам. Мæскуыйы равдыстам концерт Чайковскийы залы».

«Алан»-ы 75 азы юбилейы кадæн концерт арæзт æрцæудзæн ирон театры 12 ноябры. Æрбахондзысты йæм ансамблы ветеранты. Юбиляртæн раарфæ кæндзысты кафæн къордтæ дæр бæстæйы алы регионтæй. Къуырийы фæстæ та ансамбль ацæудзæн гастрольтæм Уæрæсейы горæттæм.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania