Уый тыххæй Парламенты советы æмбырды фехъусын кодта территориалон фонды директор Дзæгъойты Алан
12 миллиарды æмæ 793 милуан сомы. Уый бæрц у æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды бюджет 2024-æм азæн. Уый тыххæй Парламенты советы æмбырды фехъусын кодта территориалон фонды директор Дзæгъойты Алан. Куыд радзырдта, афтæмæй, йæхи чи бафæдзæхста, уыдоны нымæц, фаронимæ абаргæйæ, фæкъаддæр 1233 адæймаджы онг. Уымæй дарддæр сбæрæг, 267 милуан сомы кæй радих кæндзысты фæдзæхст адæмы медицинон реабилитацийæн. Уый, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, у 21 милуаны фылдæр. Боны фæткмæ ма рахастой, йæ бон кусын кæмæн нæу, уыцы адæмæн фиддонтæ дæттыныл. Компенсацийы бæрц уыдзæн куысты мызды æппынкъаддæры бæрцы онг. Æмбырды ма ныхас цыд республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады архайдыл дæр.




