филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 понедельник, 15 декабря 2025
06 августа 2024, 12:07
120 азы размæ, 6-æм августы Дзæуджыхъæуы рельсытæм рацыдис фыццаг электрон трамвай

Уыцы транспорты хуыз банымадтой æппæты æдасдæрыдл æмæ  дзы 100 азы фæстæ дæр зæрдиагæй пайда кæнынц бынæттон цæрджытæ

120 азы размæ, 6-æм августы Дзæуджыхъæуы рельсытæм рацыдис фыццаг электрон трамвай. Уыцы транспорты хуыз банымадтой æппæты æдасдæрыдл æмæ  дзы 100 азы фæстæ дæр зæрдиагæй пайда кæнынц бынæттон цæрджытæ. 1921-æм азы трамвайты змæлд æруырæдтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг та йыл госпитæльтæм ластой цæф æфсæддонты. Ивгъуыд æнусы 50-йæм азты трамвай цыд горæты æппæт районтæм.  Фарон сæрды Дзæуджыхъæу райста ног тамвайтæ. Уымæй дарддæр дзы фæзындис ногдзинад, фæндаггагæн ис бафидæн электрон терминалы уылты. Фæлæ кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй хъыгагæн 28 вагонæй фæндагмæ рацыдысты æрмæстдæр 14.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania