филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:45 вторник, 16 декабря 2025
27 декабря 2019, 15:51
125 азы сæххæст зындгонд ирон скульптор Тауаситы Сослæнбеджы райгуырдыл

Ацы бонты Башкирийы цæуынц Тауаситы Сослæнбеджы райгуырдыл 125 азы кадæн мадзæлттæ.

125 азы сæххæст зындгонд ирон скульптор Тауаситы Сослæнбеджы райгуырдыл. Цæгат Ирыстоны æмæ Башкирийы адæмон нывгæнæг, Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреат. Тауаситы Сослæнбеджы сфæлдыстадон хæзнаты иу хай сты Тугъанты Махарбеджы музейы аивæдты музейы фондты. Музейон коллекциты ахадгæдæр хай 60-йæм азты бахъахъхъæдта Аивæдты музейы раздæры кусæг Биазырты Кромвель. Уымæн æмæ сæ фæнд кодтой  фесафын. Наукон кусæджы фæрцы, абон æрмдæсныйы алы азты сфæлдыстадон бынтæ уынæм музейы. Цымыдисаг уый у, æмæ нывгæнæджы куыстыты хсæн ис графикæ дæр, сты тушæй конд нывтæ. Тауаситы Сослæнбеджы сфæлдыстад  æрмæст  паддзахадон æмæ хи коллекциты куыстытæй нымайгæ нæу. Йæ авналæнтæ сты бирæ уæрæхдæр. Скульпторы къухы бынæй рацыдысты стыр уацмыстæ. Зæгъæм, Ирон театры кæрты Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæн. Дзæуджыхъæуы Хæххон паддзахадон аграрон университеты кæрты Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр, инæлар Плиты Иссæйы бюст æмæ Уфайы Башкортостаны хъæбатыр Салават Юлаевы монументалон цыртдзæвæн. Ацы бонты Башкирийы цæуынц Тауаситы Сослæнбеджы райгуырдыл 125 азы кадæн мадзæлттæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania