филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
31 августа 2020, 12:30
13-æм сентябры Уæрæсейы уыдзæн хъæлæс кæныны иумæйаг бон.

Уыимæ æвзæрстытæ цæудзысты алы æмвæзады

13-æм сентябры Уæрæсейы уыдзæн хъæлæс кæныны иумæйаг бон. Уыимæ æвзæрстытæ цæудзысты алы æмвæзады. Цæгат Ирыстоны Архонкæйы станицæйы, Мызуры, Майрæмададжы æмæ Быдыры Дæргъæвсы цæрджытæ хъуамæ сæ фæндон равдисой, бынæттон администрациты сæргълæуджыты бынæтты кæй уынынц, уый фæдыл. Æдæппæтæй дзы ис 16 кандидаты. Уыдонæй 4 адæймаджы æвзæрстыты архайынц сæхи фæндонмæ гæсгæ. Иннæтæ та сты 3 партийы минæвæрттæ: Иугонд Уæрæсе, Фыдыбæстæ æмæ Уæрæсейы либералон-демократон парти. Хъæуты сæргълæуджытæм кандидаттæ зæрдæ бавæрдтой, агитацион кампани кæй цæудзæн æргом, æнæ закъонхæлдтытæй. уый тыххæй фехъусын кодтой сæ видеороликты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania