Кæд абон нæ цуры нал ис, уæддæр йæ ном цæры, йæ сарæзт хъуыддæгтæ ссардтой бынат адæмы зæрдæты
13-æм январы Дигорайы, нæуæдз азы размæ райгуырд Цæгат Ирыстоны зындгонд хъæбул инæлар –майор Цæголты Македоны фырт Ким. Кæд абон нæ цуры нал ис, уæддæр йæ ном цæры, йæ сарæзт хъуыддæгтæ ссардтой бынат адæмы зæрдæты. Советон æмæ уæрæсейæг хæстон æмæ паддзахадон архайæг, педагог æмæ профессор, философон наукæты доктор, инæлар-майор стыр удвæллой бакодта сабыр царды сæрвæлтау. 1980-йæм азты архайдта Хуссар Ирыстон бахъахъхъæныны мадзæлтты, уæдæ Афганистаны цы стыр зондахаст равдыста йæ сæрмагонд операциты рæстæг, уыдоныл та чингуытæ саразæн ис. 1993—1998 азты уыд Уæрæсейы Федерацийы нациты хсæн ахастдзинæдты фæдыл министры хæдивæг. Цы бæрнон бынæтты куыста, уыдоны йæ куыст зынгæ бынат ахста. Афганистаны сси бирæ паддзахадон хæрзиуджыты хицау. Абон йæ номыл арæзт æрцæудзæн номарæн мадзæлттæ йæ райгуырæн Дигорайы.




