филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:28 суббота, 28 сентября 2024
24 января 2022, 12:35
13 аздзыд Левон Хачатрянæн дарддæр æмбырд кæнын фæрæзтæ

Лæппу тох кæны уæззау низимæ, тыхсын æй кæны, красная волчанка кæй хонынц, уый

13 аздзыд Левон Хачатрянæн дарддæр æмбырд кæнын фæрæзтæ. Лæппу тох кæны уæззау низимæ, тыхсын æй кæны, красная волчанка кæй хонынц, уый. У йын карз къæпхæн. Лæппуйæн хъагдард сты йæ уыргтæ, йæ хуылфы дзаумæттæй бирæтæ сты рæсыд,  æмбырд дзы кæны дон. Уæвгæ, йæ уавæр хуыздæр кодта, зынгæ йын фенцондæр. Фæлæ афæдзы кæрон йæ улæфæнты инфекцийы тыххæй фæстæмæ лæппу йæхи æвзæрдæр æнкъарын райдыдта æмæ бинонтæ атахтысты Германимæ. Ныртæккæ йæ низимæ тох кæнын хъæуы уæлдай тынгдæр. Уымæ гæсгæ хæстæгдæр рæстæг хъуамæ скæна 6 химиотерапийæйы. Йæ аргъ у 2 милуаны æмæ 200 мин сомы. Афæдзмæ йын баххуыс кодта сæдæгай зæрдæхæлар адæмтæ. Левонмæ ис бæллиц «Манчестер»-æн ахъазын. Бæллицтæ та хъуамæ æххæст кæной. Бинонтæн баххуыс кæнæн ис, хы хыгъдмæ æхца барвитгæйæ. Йæ номер ын уынут уæ экрантыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania