филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:21 воскресенье, 29 сентября 2024
15 сентября 2014, 17:46
14-æм сентябры æвзарæн участоктæ куыстой, куыд æмбæлы, афтæ

14-æм сентябры æвзарæн участоктæ куыд æмбæлы, афтæ байгом сты 8 сахатыл. Кæд райсомæй адæм бирæ нæ цыдысты, уæддæр сихормæ уавæр аивта æмæ æвзарджытæ разæнгардæй цæуын райдыдтой.

74280
14-æм сентябры æвзарæн участоктæ куыд æмбæлы, афтæ байгом сты 8 сахатыл. Кæд райсомæй адæм бирæ нæ цыдысты, уæддæр сихормæ уавæр аивта æмæ æвзарджытæ разæнгардæй цæуын райдыдтой. Алчидæр хъуамæ схъæлæс кодтаид 2 бюллетеныл. Сæ иумæ гæсгæ – хъуамæ равзæрстаиккой 9 политикон партийæ. Иннæ бюллетены та фыст уыдысты иумандатон зылдтæй депутаттæм кандидаттæ. Æвзарæн къамисты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы схъæлæс кæнынмæ æрбацыдысты 230 мин адæймаджы. Иуæй-иу участокты æвзæрстытæ æнæ загъдæй нæ ацыдысты. Зæгъæм, Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты 264-æм æвзарæн хайады политикон парти «Рæстаг Уæрæсе»-йы цæстдарджытæ рабæрæг кодтой барадхæлдтытæ. 233-æм æвзарæн хайады дæр æрцыд закъоны домæнтæ халæг цау. Æрыгон чызг бюллетень урнæмæ ныппаргæйæ, лидзынмæ фæци. Фæндагыл æрхаудысты, цы бюллетеньтæ æмбæхста, уыдон. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къмисы æмбарын кæнынц – æппæт цаутæм ныртæккæ цæуы лæмбынæг каст. Хъуыддæгтæм сты юристтæм. Æвзæрстыты кæронбæттæн хатдзæгтæ та фехъусын кæндзысты хæстæгдæр 5 боны.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania