филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
25 марта 2021, 13:51
140 азы сæххæст ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл

Стыр æвæрæн бахаста ирон литературæ æмæ театры райрæзтмæ

140 азы сæххæст ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл. Райгуырдис Куырттаты комы зæхкусджыты бинонты. Райста хорз ахуырад, уый фæстæ та райдыдта рухстауыны куыст кæнын. Стыр æвæрæн бахаста ирон литературæ æмæ театры райрæзтмæ. Адæмон систы йæ уацмыстæ — историон драмæ «Хазби», пьесæтæ «Уæрæседзау», «Худинаджы бæсты мæлæт» «Амыран» æмæ æндæртæ. Ирон театрдзауты цалдæр фæлтæрæн та зынаргъ æмæ уарзон у йæ драмæ «Дыууæ хойы». Ирд дзы равдыста хæххон сылгоймаджы æнамонд хъысмæт. Æппæт ацы хъуыддæгтæ æрымысыдысты йæ номарæн изæры. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Ирон филологийы факультеты аудиторийæ балц, рагон Ирыстон æнустæ кæм ивта, уыцы бынатмæ. Ахуыргæнæг дзуры Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстады тыххæй, студенттæ алы дзырд дæр сæ зæрдæтæм исынц арф. Фæсивæд авторы уацмыстæ ахуыр кæнынц фыццаг аз, фæлæ абон у уæлдай ахсджиагдæр бон. Биазырты Фатимæ у 2-æм курсы студенткæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ уарзон драмæ у «Дыууæ хойы». Федта йæ театралон хуызы дæр.

Брытъиаты Елбыздыхъо у ирон драматургийæйы бындурæвæрæг. Ахадгæ куыст бакодта, национ театры равзæрдыл. Удуæлдайæ архайдта, цæмæй Ирыстоны фæзына профессионалон фæз.
Ацы бæллиц сæххæст кæнынæн фæндаг Брытъиаты Елбыздыхъо райдыдта Куырттаты комы Дæллагхъæуы. Райгуырд æмæ схъомыл хæхбæсты, уымæ гæсгæ, йæ хæхтæ цыма литературæмæ разæнгард кодтой, афтæ йæм каст. Йæ пьесæты хъайтарты фылдæр хай сты хæххон адæм.
Фыййагдоны культурæйы хæдзары къух бакæнæн нæй. Адæм æнхъæлмæ кæсынц спектаклы райдианмæ. Фæскулисты артисттæ сæхи цæттæ кæнынц. Боны фæткы дыууæ спектаклы «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Уæрæседзау». Ирон театры актертæ адæмы хъуыдытæ ахастой Брытъиаты Елбыздыхъойы дугмæ.

Куыдзиаты Анжелæ у ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Номарæн изæрмæ æрбацыди йæ ахуырдзаутимæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, автор цы фыста, уыдон абон сты тынг актуалон.

Зындгонд ирон драматурджы ном æрымысыдысты йæ цыртдзæвæны цур дæр. Алагиры районы разамынд, сфæлдыстадон интеллегенци, æхсæнадон архайджытæ, театры актертæ, скъоладзаутæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Елбыздыхъойы цыртдзæвæны цур. Йæ бюст ис Куырттаты комы айнæг къæдæзхты хсæн. Бакуыста йыл скульптор Дзбойты Михал.

Брытъиаты Елбыздыхъо уыди сæрибардзинадмæ тырнæг. Уый равдыста «Хазби»-йы, хæххон цардæвдисæг трагедийы. Уый дæр куыд «Амран»-ы, афтæ фæндыдис йæ адæмæн царды рухс фенын кæнын, театр æмæ литературæйы дуæрттæ сын уæрæх байгом кæнын. Фæллой кодта йæ райгуырæн Ирыстонæн кад кæнгæйæ, фыста мадæлон æвзагыл, фыццаг абон ма æрмæстдæр йæ бындур кæмæн баззад, уыцы скъолайы, Дæллагхъæуы, уый фæстæ та йæ уацмысты. Сыгъдæгзæрдæ уæвын æмæ æгъдауыл тох кæнын уыдысты йæ фыццаградон нысантæ. Ныр 140 азы йæ ныстуантæ хъуысынц Ирыстоны хæхты. Алы ирон адæймаджы зæрдæмæ арф бахъаргæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania