07 февраля 2013, 11:19
1406 уголовон хъуыддагыл бакуыстой фарон Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитеты, уыдонæй 626 арвыстой тæрхондонмæ
Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта куыстуаты сæргълæууæг Мамайты Хъазыбег.
Уый тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта куыстуаты сæргълæууæг Мамайты Хъазыбег. Æнтыстджынæй раргом кодтой чындзæхсæвы газы балоны срæмыгъды, Хуссар Ирыстоны паддзахадон хъахъхъæнджыты амарыны æмæ 105-æм контролон уадзæн пункты срæмыгъды тыххæй уголовон хъуыддæгтæ. Дарддæр куыст цæуы республикæйы муфтийы хæдивæг Дудараты Ибрагимы амарыны хъуыддаг раргом кæныныл. Комитеты ахсджиагдæр куыст у коррупциимæ тох. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æппæты фылдæр гæртæмттæ исыны хъуыддæгтæ æмбæлынц барадхъахъхъæнæг æмæ муниципалон оргæнты кусджыты `хсæн, уый фæстæ та æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ ахуырады.
темæмæ гæсгæ




