Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты йæ ном æмæ йын йæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ
141 азы размæ райгуырд зындгонд режиссер, актер, педагог Евгений Вахтангов. Йæ ном хъуыстгонд у æнæнхъæн дунейы. Евгений Вахтангов райгуырд 13-æм февралы 1883-æм азы Дзæуджыхъæуы. 20 азы дзы куы фæцард, уæд ацыд Театрмæ фæндагагур. Ныр ын йæ райгуырæн Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты йæ ном æмæ йын йæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзалмæ æрбацыдысты культурæйы кусджытæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Вахтангов театралон аивадмæ цы æвæрæн бахаста, уымæн аккаг аргъ скæнын зын у. Сæвæрдта 2 уникалон спектаклы. Театралон историйы легендæ «Гадибук» æнæивгæйæ æвдыстой 40 азæй фылдæр. Уæдæ уымæй дæлдæр нæ лæууы «Принцесса Турандот» дæр. Ныр Вахтанговы номыл театр у Уæрæсейы зындгонддæр театртæй иу. Йæ архайджытæ гастрольты ацæуынц куыд Уæрæсейы горæттæм, афтæ фæсарæнтæм дæр. Артисттæ æмæ режиссертæ зæрдиагæй фæллой кæнынц æмæ аразынц алыхуызон мадзæлттæ, цæмæй Вахтанговы ном дæлæмæ ма руадзой, уый тыххæй.




