Хъуыстгонд режиссер, актер æмæ педагог райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы
142 азы сæххæст зындгонд театралон архайæг Евгений Вахтанговы райгуырдыл. Хъуыстгонд режиссер, актер æмæ педагог райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы. Стыр æвæрæн бахаста уырыссаг æмæ дунеон театры рæзтмæ. Евгений Вахтангов уыд Леопольд Сулержицкийы уарзон ахуыргæнинаг, æмæ Константин Станисалвскийы системæйæ хуыздæр педагог. Йæ хъæппæрисæй аивады фæзынд ног змæлд – «фантастикон реализм». Ныртæккæ Мæскуыйы, Денежный переулокы кусы Евгений Вахтанговы Музей-фатер, Дзæуджыхъæуы та, режиссеры райгуырды 140 азы æмæ Вахтанговы театры 100 азы бонмæ сног кодтой æмæ байгом кодтой Вахтанговы хæдзар. Ивгъуыд аз режиссеры райгуырæн горæты арæзт æрцыд фыццаг Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой». Ацы бонты та вахтанговонтæ, традицимæ гæсгæ, æрæмбырд сты сæ уарзон педагогы ингæны раз. Кæй зæгъын æй хъæуы, Вахтанговы æрымысыдысты Дзæуджыхъæуы дæр. Йæ цыртдзæвæны раз æрæмбырд сты театралон скъолайы фæдонтæ, æмæ сæвæрдтой дидинджытæ.




