филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:54 суббота, 21 сентября 2024
18 октября 2012, 09:55
15–æм октябрæй 15-æм декабрьмæ Цæгат Ирыстоны цæугæдæтты нæй кæсаг ахсæн

15–æм октябрæй 15-æм декабрьмæ Цæгат Ирыстоны цæугæдæтты нæй кæсаг ахсæн. Ахæм фæтк сфидар, дыууæ мæйы кæсæгты алы хуызтæ донмæ уагъд кæй цæудзысты, æмæ сæ уыцы æмгъуыдмæ браконьертæй бахъахъхъæнын кæй хъæуы, уымæ гæсгæ.

15–æм октябрæй 15-æм декабрьмæ Цæгат
Ирыстоны цæугæдæтты нæй кæсаг ахсæн. Ахæм фæтк сфидар, дыууæ мæйы
кæсæгты алы хуызтæ донмæ уагъд кæй цæудзысты, æмæ сæ уыцы æмгъуыдмæ браконьертæй бахъахъхъæнын кæй хъæуы, уымæ гæсгæ.

Ацы кæсæгтæ ныронг хъомыл кодтой
сæрмагонд уавæрты, ныр фыццаг хатт хæдбарæй ленк кæндзысты цæугæдæтты,
фæлæ цас рæстæг, уый зын зæгъæн у. Фæстаг азты браконьерты аххосæй
республикæйы цæугæдæтты кæсæгты нымæц зынгæ фæкъаддæр.

Хъарданты Алыксандр, паддзахадон
унитарон куыстуат «Севосетингеомониторинг» – ы директор: «Алы фæрæзтæй
кæсаг марынц, хызæгæй йæ ахсынц. Æмæ ахæм уавæрты стыр пайда нæ хæссы нæ
куыст».

Мхциаты Руслан, РЦИ-Аланийы кæсаг ахсыны
управленийы хайады юрист: «Уынут æй уæхæдæг, белый амур, толстолобик,
карп, алцы дæр дзы ис, фæлæ афтид ацы хабар, цыфæнды бирæ кæсаг куы
рауадзæм республикæйы дæттæм, фæлæ уæддæр адæм уый нæ бамбарой
электронон æнгуыртæй, хызтæй кæсаг ахсæн нæй, нæхи æрдз, хъуамæ нæхæдæг
хъахъхъæнæм, науæд нæ фæстæ чи цæрдзæни. Уыдонæн дзы ницуал баззайдзæни
зæгъгæ, цалынмæ уый адæмы сæрты нæ бацæуа, уæдмæ нæ куыст дæ рæмæ ацы
адæмы куыст дæр бирæ пайда не рхæсдзæн республикæйы адæмæн дæр æмæ
æрдзæн дæр».

Кæсæгты нымæц бахъахъхъæныны тыххæй
арæзт æрцыд республикон программæ. Уый æххæстгæнгæйæ Цæгат Ирыстоны
экологийы мониторинджы паддзахадон куыстуат республикæйы цадтæм рауагъта
40 мин кæсæгтæ. Фыццаджы сæ уадзынц Бехъаны цадмæ.

Алы афæдз дæр нæ куыстуат цæугæдæттæм
рауадзы 40 мин кæсаджы: карп, белый амур æмæ толстолобик. Уыцы кæсæгты
фæрцы ма нæ дæтты цыдыр гыццыл муртæ вæййы кæсаг, фæлæ йæ цалынмæ адæм
нæ бамбарой, нæ фидæн, нæ кæстæртæн цы ныууаццыстæм æмæ цалынмæ нæ
æрдзмæ лæмбынæг цæстæй не ркæсæм, уæдмæ нæ куыстытæ уаинц дзæгъæлы.

Æрыдоны æргъай кæсаг хъомылгæнæн завод
канд нæ республикæйы нæ, фæлæ Цæгат Кавказы нымад у егъаудæрыл. Ацы
сæрмагондæй ифтонг бæлæгъты хъомыл кæнынц Хъæспиаг æргъай кæсаг.
Алкæцыйы дæр ис 500 лæппынмæ ввахс. Куыддæр сыл афæдз сæххæст вæййы,
афтæ сæ æрцахсынц æмæ сæ аласынц, стæй сæ ауадзынц, Терчы донимæ цы
суадæттæ баиу вæййынц, уырдæм. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй, 3
суткæйы рацæудзæн, цалынмæ ног уавæртыл сахуыр уой, уæдмæ.

Гуытъиаты Алымбег, Æрыдоны æргъай кæсаг
хъомылгæнæн заводы директор: «Пълан ныл вæййы, 300мины хъуамæ ауадзæм
донмæ æмæ нын ныр ма баззади 60 мины иннæтæ ауагътам æмæ ацы 60 мины мах
хъуамæ ацы мæй æмæ ноябры фыццаг æмбисы схицæн кæнм. Иу 20 мины пъланæй
уæлæмæ ауатдзыстæм, ис нæм. Стæй ног азæй та райдайдзыстæм ног азы
пълан кæнын. Уый тыххæй дæр нæм кæсаг фаг и сæмæ нæ пълантæ хъуамæ
хорзæй ацæуой.

Æрыдоны æргъай кæсаг хъомыл кæныны завод
стыр пайда хæссы ацы къабазы райрæзтмæ. Ам æрвылаз рауадзынц æмæ
схъомыл кæнынц 300 мин кæсагæй фылдæр. Ныр дæр сæ размæ æвæрд пълан
сæххæст кодтой, фæлæ сæ зæрдæ нæ дарынц, кæсаг ахсгæйæ браконьерон куыст
чи кæны, уыдоныл. Сæ аххосæй кæсаджы нымæц фæмынæг æмæ уымæй знаггад
хæссынц æрдзæн. Уымæ гæсгæ сæрмагонд хайад фылдæр æргом здахдзæн
кæсагахсджыты архайдмæ æмæ цæудзысты æфхæрд. Ныронг уал хыгъд æрцыд 136
закъонхæлды.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania