филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:19 суббота, 28 сентября 2024
21 октября 2021, 11:39
15 аздзыд Дыгъуызты Артуры та æвæститæй хъæуы дохтырты æххуыс

Лæппуйæн хъыгдæрд у йæ зæрдæ

Царды аргъ. 15 аздзыд Дыгъуызты Артуры та æвæститæй хъæуы дохтырты æххуыс. Лæппуйæн хъыгдæрд у йæ зæрдæ. Йе взонг кары ныридæгæн бавзæрста 5 уæззау операцийы. Фæлæ ууыл йæ зындзинæдтæ нæ фесты. Цæмæй Артурæн йе нæниздзинад фæхуыздæр уа, æмæ царды цинтæ æххæстæй æнкъарын райдайа, уый тыххæй ма йын хъæуы ноджыдæр иу операци скæнын Германийы. Йæ аргъ у 6 милуан сомы. Бинонтæм уыцы фæрæзтæ нæй. Фæлæ сæ сæмбырд кæнын нæ бон у иумæйагæй.

Дыгъуызты-Седанты Артурыл цæуы фынддæс азы. Йæ райгуырдæй фæстæмæ тох кæны карз низимæ. Лæппуйæн йæ зæрдæ у хъыгдард. Фыццаг операци йын скодтой Бакулевы номыл центры, сабийыл мæй куы цыдис, уæд. Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ фæндаг сывæллоны æнæниздзинад тынг бахъыгдæрдта æмæ лæппу мæйы дæргъы уыдис цард æмæ мæлæты æхсæн.

Артуры сдзæбæх кæнын зæрдæ æвæрынц Берлины кардиологон центры.

Клапæн хъуамæ куыстаид, цалынмæ Артурыл æстдæс азы сæххæст уыдаид, уæдмæ, фæлæ æмгъуыдæй раздæр фехæлд. Ныртæккæ хъæуы ног операци скæнын. Фарон пандемияйы тыххæй Германимæ ацæуын сæ къухы нæ бафтыд æмæ уыцы къуылымпыдзинад æвзæрырдæм фæзынд лæппуый уавæрыл. Артуры бон нæу уынджы тезгъо кæнын, уайтагъд йæ улæфт ахгæны. Афтæмæй бирæ уарзы йæ рæстæг йе мбæлттимæ æрвитын. Цæмæй операци скæной, уый тыххæй хъæуы æхсæз милуан сомы. Ахæм æхцатæ лæппуйы бинонтæм нæй.

Ноябыры кæрон хъуамæ Артур уа немыцаг клиникæйы. Лæппуйæн цард æмæ æнæниздзинад балæвар кæнын у алкæй бон дæр. Уый тыххæй хъæуы арвитын хъусынгæнинаг цыбыр номыр 7522- мæ. Фыст дзы хъуамæ уа ДОБРО15. Уый фæстæ мобилон оператор бацагурдзæн æвдисæндар, науæд æхцатæ хыгъдмæ нæ бахæццæ уыдзысты. Æхца ис арвитæн банчы картæмæ. Йæ номыртæ уынут экраныл. Рох уæ ма уæд, алы сом дæр Артурæн у вазыгджын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania