филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:12 вторник, 16 декабря 2025
14 марта 2018, 13:40
1564-æм азы рухс федта фыццаг мыхуыргонд чиныг «Апостол»

Зæгъæн ис, æмæ уымæй райдыдта Уæрæсейы чингуыты мыхуырады истори. Иван Федоровы ном та ныр зонынц скъоладзаутæ дæр.

1564-æм азы рухс федта фыццаг мыхуыргонд чиныг «Апостол»
1564-æм азы рухс федта фыццаг мыхуыргонд чиныг «Апостол». Зæгъæн ис, æмæ уымæй райдыдта Уæрæсейы чингуыты мыхуырады истори. Иван Федоровы ном та ныр зонынц скъоладзаутæ дæр.
Традицимæ гæсгæ 14-æм мартъийы, Стыр комдарæны бонты бæрæг фæкæнынц «Чырыстон чиныджы бон». Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы бонмæ нæ республикæйы рауагъдадты рацыд цалдæр ног чиныджы. Бакуыстой сыл канд профессионалон фысджытæ нæ, фæлæ ма бæстæзонджытæ æмæ уырнæг адæм. Уæвгæ, Стыр комдарæны рæстæг чырыстон литературæ бирæтæ бацагурынц. Уæлдай тынгдæр адæм кæсынц алыхуызон дзуæртты æмæ диссæгты тыххæй. Абон чынгуыты тæрхæджытыл фенæн ис бирæ нырыккон литературæ. Фæлæ се ппæт удварны сыгъдæгдзинадыл нæ кусынц. Бæстæзонæг Лидия Журавлева чиныг ныффыссыны размæ бирæ азты архивты æмбырд кодта аргъуанты тыххæй информаци. Бакодта стыр иртасæн куыст. Иннæ къæпхæн та у – Дзæуджыхъæуы Мадымайрæмы кæрдæны номыл аргъуан. Лидия Журавлева куыд зæгъы, афтæмæй нæ историйы нырма ис бирæ цымыдисаг сыфтæ. Хъуамæ суой Цæгат Ирыстоны миддуне æвдисæг. Уымæн ма рæстæг ис. Аланийы дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы бонмæ цæттæгæнгæйæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania