филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:58 среда, 17 декабря 2025
12 марта 2018, 12:10
16-æм мартъийы нысан кæнынц Уæрæсейы Хуссар хайы раззагдæр уæлдæр скъолатæй иу – Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ректоры равзарын

Уый тыххæй Битарты Вячеславæн фехъусын кодта институты ректоры хæстæ æххæстгæнæг Юрий Дмитрак. Куыд загъта, афтæмæй æнтыстджынæй ацыдысты нæ бæстæйы ахуырады Министрады аттестацион къамис.

16-æм мартъийы нысан кæнынц Уæрæсейы Хуссар хайы раззагдæр уæлдæр скъолатæй иу – Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ректоры равзарын
16-æм мартъийы нысан кæнынц Уæрæсейы Хуссар хайы раззагдæр уæлдæр скъолатæй иу – Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ректоры равзарын.
Уый тыххæй Битарты Вячеславæн фехъусын кодта институты ректоры хæстæ æххæстгæнæг Юрий Дмитрак. Куыд загъта, афтæмæй æнтыстджынæй ацыдысты нæ бæстæйы ахуырады Министрады аттестацион къамис. Бæстон æркастысты кандидатурæтæм. Се хсæн Юрий Дмитрак, «промышленнон куыстуæтты» кафедрæйы сæргълæууæг Роман Клюев, стæй металлургон процессты теорийы æмæ автоматизацийы кафедрæйы разамонæг Хæдзарæгаты Еленæ. 16-æм мартъийы ректоры æвзардзысты иумæйаг конференцийы. Архайдзысты дзы институты 122 ахуыргæнæджы. Сусæг хъæлæс кæныны процедурæйы фæстæ 50%-æй фылдæр чи райса, уый суыдзæн ректор. Фембæлды ма ныхас цыд институты рауагъдонтæн куысты бынæттæ дæттыныл. Битарты Вячеслав бабар кодта куыст афтæ аразын, цæмæй институт æмгуыстадыл, раздæрау, архайа канд «Норильскы никелимæ» нæ, фæлæ æндæр куыстуæттимæ дæр. Уыйхыгъд Юрий Дмитрак радзырдта, ацы аз 150 студенты бацæудзысты арæзтадон отрядтæм, æмæ ацæудзысты Норильскмæ. Дмитрак ректоры хæстæ æххæст кæнын райдыдта фарон августы. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у хæххон инженер, механик, техникон наукæты доктор, 70 наукон æмæ ахуырадон-методикон æрмæджыты автор. Йе рбацыдимæ институты æрцыд хорзырдæм ивддзинæдтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania